Хидыхъус (уырыс. Хидикус) у хъæу Цæгат Ирыстоны Алагиры районы.

Хъæу
Хидыхъус
42°49′15″ с. ш. 44°16′30″ в. д.HGЯO
Паддзахад Уæрæсе Уæрæсе
Федерацийы субъект Цæгат Ирыстон
Муниципалон район Алагиры район
Истори æмæ географи
Сахатон таг UTC+3:00
Цæрджытæ
Цæрджытæ 117[1] адæймаджы (2010)
Цифрон идентификатортæ
Посты индекстæ 363212
Хидыхъус (Уæрæсе)
Хидыхъус (Цæгат Ирыстон)

Хъæу хуыссы Куырттаты комы, Фыййагдоны рахиз был. Ис дзы мæсгуытæ æмæ æндæр историон фенддæгтæ.

Хидыхъус зындгонд у Миро-хæссæг устыты номыл аргъуанæй (1858-æм аз) æмæ нырыккон нæлгоймæгты Алайнаг моладзандонæй. Моладзандоны цæуы ног аргъуаны арæзтад.

Цæрджытæ

ивын

Мыггæгтæ

ивын

Хидыхъусы цардысты Алидзатæ, Æхболæттæ, Бугъатæ, Быдзыхъотæ, Гæбуатæ, Годжиатæ, Гусатæ, Дзабратæ, Джидзалатæ, Дзокатæ, Зылыйатæ, Къарджиатæ, Калмантæ, Ситохатæ, Торчынтæ, Хетæгкатæ, Цæболтæ, Æлбегатæ, Бокотæ, Блитæ, Джиотæ, Дзытиатæ, Кцойтæ, Суантæ, Тохтиатæ, Хъулатæ, Цыбыртæ.[3]

Фиппаинæгтæ

ивын
  1. Том 1. Численность и размещение населения. Таблица 10
  2. Опись осетинских и ингушских сел с указанием количества дворов и числа лиц, принявших от Осетинской комиссии христианство.
  3. Гаглойты Зинæ. Ирон мыггæгтæ: Дзæуджыхъæу: Ир, 2005, 243 ф.

Æрвитæнтæ

ивын