Дзогкатæ (уырыс. Дзогкаевы) сты ирон мыггаг.

Истори ивын

Дзогкатæ Уæлладжыры комæй рацыдысты, Æрхоны хъæуæй. Дзогк хуынди, мыггаг кæй номæй рацыд, уыцы лæг. Уыдон цыппар æфсымæры уыдысты: Дзогк, Гаппо, Къарджи, Годжи. Гъе уыдоны нæмттæй рауад ног мыггæгтæ. Сæ фылдæр алыгъди Туркмæ. Ам ма дзы цы гыццыл аззад, уыдон Æрхонæй Куырттаты коммæ раивтой. Хидыхъусы æрцардысты. Уым чи æрцарди, уыдон уыдысты Хæлын æмæ Быдзо. Годжи дæр уым æрцарди æмæ йæ номыл мыггаг рацыд.[1]

Фиппаинæгтæ ивын

  1. Дзогкаты Бибойы фырт Тепсыхъойы ныхæстæй таурæгъ ныффыста Цагъаты А., æвæрд ис ЦИГСИИ-ы архивы, п. 144, д. 394.

Литературæ ивын