Къуындыхаты Муссæ
Куындыхаты Алхасты фырт Муссæ (тур. Musa Kunduh Paşa; 1818-æм аз, Хохы Саниба — 1889-æм аз, Эрзерум) — Уæрæсейы инæлар-майор, Турчы дивизион инæлар.
Къуындыхаты Муссæ | |
---|---|
Райгуырды датæ | 1818 |
Райгуырæны бынат | |
Мæлæты датæ | 1889 |
Мæлæты бынат |
|
Æфсæдты хуыз | кавалери[d] |
Хуындад | инæлар-майор[d] æмæ дивизион инæлар[d] |
Тохтæ | |
Хорзæхтæ æмæ премитæ |
Цардафыст
ивынМуссæ райгуырдис 1818-æм азы уалдзæджы, ирон æлдар Алхасты бинонты. Уый уыди йæ фыдæн йæ фæндзæм фырт. Муссæйыл дыууадæс азы куы цыдис, уæд æй райстой Бетъырбухмæ куыд амынæт, уым каст фæцис Павлы æфсæддон училище. Сси корнет Кавказы Хицæн корпусы сконды чи уыди, уыцы кавалерийы цур. Николай Фыццагимæ чегъре цыдис йæ Цæгат Кавказы балцы. 1841-æм азы сси капитан.
1846-æм азы æрвыст æрцыдис Варшавæмæ, Польшæйы чи дислокаци кодта, уыцы хохаг кавалерион полкъмæ афицерты æххуырстæн. Кавказмæ куы раздæхтис, уæд архайдта Имам Шамилимæ баныхæсты (уырыс. переговоры).
Хъырымы хæсты рæстæджы Муссæ, дæлбулкъон уæвгæйæ, разамынд лæвæрдта хохаг бæхджын полкæн, кæцыимæ Фæскавказы архайдта туркæгты ныхмæ операцийы. Фæстæдæр сси булкъон.
1850-æм азты райдайæны нысангонд æрцыдис Терчы облæсты Ирыстоны æфсæддон зылды сæргълæууæгæй, стæй та Цæцæны зылды сæргълæууæгæй дæр. 1860-æм азы райста инæлар-майоры цин.
Хорзæхтæ
ивынУ Сыгъдæг Гиуæргийы IV-æм къæпхæны, Сыгъдæг Владимиры I-аг къæпхæны бантимæ, Сыгъдæг Аннæйы I-аг, II-аг æмæ III-аг къæпхæнты кавалер, Сыгъдæг Станиславы II-аг къæпхæны кавалер, ноджы ма уымæн уыди Австрийы Леопольды кавалерийы дзуар.
Куындыхаты Муссæ амидин кодта пысылмон ирæтты, цæцæйнæгты æмæ карабулакæгты Туркмæ алидзынмæ. 1865-æм аз мартъийы райдайæны фондз мин хохæгтæ, сæ сæргъы Къуындыхайы-фырт афтæмæй, араст сты Туркмæ. Арвыкомы фæндагыл, стæй Гуырдзыстоны зæххытыл фæцæугæйæ 22-æм июны ныххæццæ сты Хъарсмæ. Уыимæ Туркмæ ацыдысты йæ фырттæ Аслæмбег æмæ Бечир, йе ’фсымæртæ Афæхъо æмæ Хъасболат.
Турчы æфсады службæ
ивынСси Турчы бæстаг, лæвæрд ын æрцыдис пашайы титул æмæ дивизион инæлары бынат.
1877–1878-æм азты уырысы-турчы хæсты рæстæджы лæвæрдта разамынд Турчы кавалерийæн, кæцы дæрæнгонд æрцыдис Хъарсæй скæсæнырдыгæй.
Йæ царды фæстаг азтæ арвыста Эрзерумы, уым фыццаг командæ кодта бынæттон гарнизонæн, стæй та службæйæ хи суæгъд кодта. Ныгæд æрцыдис сахар Эрзерумы Харманлийы мæзджыты цур.