Луар
Луар у хъæу Цæгат Ирыстоны Алагиры районы. Ис Уæлладжыргомы, Уыналы комæй Æрхоны комы ’хсæн.
Хъæу | |
Луар | |
---|---|
42°50′56″ с. ш. 44°07′59″ в. д.HGЯO | |
Паддзахад | Уæрæсе |
Федерацийы субъект | Цæгат Ирыстон |
Муниципалон район | Алагиры район |
Истори æмæ географи | |
Сахатон таг | UTC+3:00 |
Цифрон идентификатортæ | |
Посты индекстæ | 363221 |
|
Истори
ивынУыналы комæй Æрхоны комы æхсæн ис Луары чысыл ком. Ардæм, Луары хъæумæ, Æрхоны комæй æрлыгъдысты æртæ æфсымæры — Цого, Къадза æмæ Æлбор. Уайтагъд Къадза балыгъд Туалгоммæ, Æлбор — Хуссар Ирыстонмæ æмæ скодтой мыггæгтæ Къадзатæ æмæ Æлбортæ. Адæмон æмбисондмæ гæсгæ, Фатта æмæ Наджи Бæрзонд адагæй Дæй æмæ Цъусмæ куы лыгъдысты, уæд хъæуы хистæртæ æрæмбырд сты ныхасмæ æмæ бауынаффæ кодтой: Наджийæн раттæм усæн, куыройы сывæллонæй кæй ссардтам æмæ буцæн кæй схъомыл кодтам, уыцы чызджы. Наджи чызгæй ус не скодта. «Балæвар» æй кодта йе ’рдхорд Цогойæн.
Уыдонæй Луары равзæрдысты Цогойтæ. Цогойтимæ ма Луары цардысты Бесатæ, Слохтæ æмæ Цыбыртæ. Фæстæдæр фæцыдысты фæйнæрдæм, æмæ Луар æдзæрæгæй баззад. Сæ бæрзонд мæсгуытæ æвдисынц кæддæры цардуарзаг адæмы фæд. Суг амал кодтой Сæгъæргæвдæн ададжы. Сæ кадавар хуымзæххытæ уыдысты: Балыбыны хуым, Болийы хуым, Сæныччы хуым, Къардиуы сæр æмæ Уæлдзуар, Ходы æмæ нæууы уыгæрдæнтæ, Тæтæры рагъ, Уары дарæн, Хъарм адаг, Хъомхизæн æмæ Сæгъæргæвдæн адæгтæ уыдысты сæ уыгæрдæнтæ æмæ сæ сæрвæттæ. Пайда кодтой Чехсыры хуымы суадонæй.[1]
Мыггæгтæ
ивынФиппаинæгтæ
ивынЛитературæ
ивын- Цховребова З. Д. Ойконимия Осетии. Юго-Осетинский научно-исследовательский институт им. З. Н. Ванеева. Цхинвал, 2003. 63 С.
- Цагъаты Анастасия. Цæгат Ирыстоны топоними. II-æм хай. Дзæуджыхъæу, 1975.