Мæхъитæ (уырыс. Макиевы[1][2], Макеевы[2]; гуырдз. მაყიშვილი) сты ирон мыггаг.

Равзæрд

ивын

Мæхъитæн раджы сæ фыдæлтæ цардысты Челиаты, Дзукъаты фыдæлты фарсмæ. Мæхъитæ æмæ Дзукъаты ’хсæн рауадис дынджыр хыл. Мæхъитæй иу фыдыфырт Дзодзитæ Дзукъатæй лæгтæ амардтой. Уый тыххæй уыцы фыдыфырт, Дзодзитæ, ныууагътой сæ бæстæ, сæ хæдзæрттæ, сæ зæххытæ æмæ фæлыгъдысты. Мæхъитæн сæ иннæ фыдыфырттæ Зæгъæгатæ, Токотæ цæуæт ракодтой æмæ баззадысты цæргæйæ Челиаты. Челиаты фыццаг æрцардысты Мæхъитæ, Козатæ æмæ Боботæ. Уый фæстæ Сбайæ ардæм æрбалыгъдысты Абайтæ æмæ Дзукъатæ. Дзукъайæн райгуырд иу лæппу — Хизана. Хизанайæн райгуырд цыппар лæппуйы — Айтег, Дула, Тамаз æмæ Чех. Уыдон амыггаг кодтой æмæ сбирæ сты Дзукъатæ. Козатæ æмæ Боботæ хъыг дардтой Дзукъаты сывæллæтты, æмæ сæ Дзукъатæ фæсырдтой Челиатæй. Баззадысты ма Мæхъитæ. Уæд уыдоны фæсурын дæр сфæнд кодтой. Мæхъитæ уый куы базыдтой, уæд рацыдысты Гаглойтæм Къусджытæм æмæ сын загътой, зæгъгæ, мах уæ уазæг, Дзукъатæ нæ сурынц æмæ нæ бахъахъхъæнут. Æрмыдзыд сæм бакодтой — æз дæ уазæг куы бакæнин мæхи.

Гаглойтæ æрбацыдысты Челиатмæ æмæ бабадтысты Токоты — Мæхъитæй иу фыдыфырты мæсыджы. Дзукъатæ куы рамбырд сты, цæмæй Мæхъиты фæсурой, уæд Гаглойтæ мæсыгæй топп фехстой æмæ сæ Дзукъатæ топпы хъæрæй базыдтой, зæгъгæ, уый Гаглойты топпы хъæр у. Уæд æрлæууыдысты, æмæ сæм Гаглойтæ рацыдысты мæсыгæй æмæ сын загътой: Мæхъитæ мах уазæг бакодтой сæхи æмæ сæ ныууадзут. Мæхъитæ баззадысты Челиаты. Уымæ гæсгæ Мæхъитæ сæхи æрвадæл кæнынц Гаглойтæн.

Ам Урстуалты уæздан мыггагыл нымад цыдысты: Абайтæ, Саулохтæ, Томайтæ, Гаглойтæ, Битартæ, Слантæ, Дзукъатæ, Фæрниатæ. Куывд уа, хæрнæг уа — ацы мыггæгты хистæрты размæ æртæ сæры æвæрдтой. Фæлæ Дзукъа ус куы аскъæфта, уæд уый тыххæй Дзукъаты хистæрты раз дыууæ сæры йеддæмæ нал æвæрдтой.[3]

Фиппаинæгтæ

ивын
  1. Республикæ Хуссар Ирыстоны Закъон ирон мыггагон нæмтты тыххæй. Ирон мыггæгты иууон номхыгъд
  2. 2,0 2,1 Гаглойты Зинæ. Ирон мыггæгтæ: Дзæуджыхъæу: Ир, 2005, 211-æм ф.
  3. Гаглойты З. Д. Ирон мыггæгтæ. — Цхинвал: «Республика», 2017. — Ф. 97.