Магкаты (Елиханты) Зурапп[1] (Зураб) (райгуырдис XVII æнусы Дæллаг Зæрæмæджы) — уыдис дипломат, Ирыстоны паддзахадон æмæ æхсæнадон архайæг. Фыццаг ирон минæварады Бетъырбухы разамонæг (1749—1752).

Магкаты Зурапп
Райгуырæны бынат
Архайды хуыз дипломат

Ирон минæварад ивын

Магкаты Зурапп æрцыд Бетъырбухмæ ирон адæмы фыццаг минæварады разамонæгæй. Минæварады уыдис фондз лæджы. Куырттаты комæй — Дзывгъисаг Батыр, Дыгургомæй — Бадилаты Созырыхъо æмæ Кази (Хъази), Уæлладжыры комæйзахъайаг Хъесаты Еба (Хетæгкаты Елисей) æмæ зæрæмæггаг Магкаты Зурапп.[1][2] Сæ фæндаг уыд Хъызлар æмæ Астраханыл, уырдыгæй Мæскуы æмæ Бетъырбухмæ.

Æддаг æрмæг ивын

Фиппаинæгтæ ивын

  1. 1,0 1,1 Хозиты Федыр. Уæлладжыры комыл — Туалтæм. Дзæуджыхъæу: Ир, 1999
  2. Джыккайты Шамил. Ныхасы фарн