Уарцъе
Уарцъе (уырыс. Варце) у хъæу Цæгат Ирыстоны Алагиры районы.
Хъæу | |
Уарцъе | |
---|---|
42°40′19″ с. ш. 43°59′08″ в. д.HGЯO | |
Паддзахад | Уæрæсе |
Федерацийы субъект | Цæгат Ирыстон |
Муниципалон район | Алагиры район |
Истори æмæ географи | |
Сахатон таг | UTC+3:00 |
Цæрджытæ | |
Цæрджытæ | →0[1] адæймаджы (2010) |
Цифрон идентификатортæ | |
Телефонон код | +7 86731 |
Посты индекс | 363227 |
|
Истори
ивынГорийæ фæндаг цæуы Уарцъегомы доны галиу былтыл Уарцъемæ. Фыццаг хъæу, Худисæны, цардысты Ногъайтæ фараст хæдзарæй. Азæй азмæ къаддæргæнгæ цыдысты æмæ ма дзы баззад дыууæ хæдзары. Сæ цуры Дзанайтæ æмæ Годжыцатæ цардысты цæгаты, Фырæты хъæуы. Фалдæр, Магалийы та дзæвгарæй — Годжыцатæ. Ацы хъæуы цæрæг Годжыцаты Къæбер уыдис Туалгомы зынгæ куырд. Йæ арæзт кард хъеллау кодта бирæ ацæргæ лæгты фæрстыл. Йæ конд цæфхæдтæ бирæ бæхты ныфсхаст кодтой ихтыл хъалцыд кæнынмæ. Йæ арæзт дзывыры æфсæныл хуымы сыджыт нæ хæцыд, дурыл цъула нæ кодта.
Комы рæбын Хъуртайы цардысты Ногъайтæ. Бирæ саунæмыгдзауты-иу бауазæг кодтой саунæмыг афон. Уарцъегом у цыбыр. Æрдзы рæсугъддзинадæй хайджын. Хуссæрттæ сты цæрæн бынæттæ, хуымзæххытæ, фосхизæнтæ æмæ хосгæрст зæххытæ. Цæгæттæ сты хъæдджын æмæ халсарджын бынæттæ. Алы мыггагæн дæр уыдис хицæн хъæд, хицæн уыгæрдæнтæ æмæ сæрвæттæ. Ацы ком раздæры адæм хуыдтой Уары ком.[2]
Сыхтæ
ивынУарцъейы ис 3[3] сыхы:
Фиппаинæгтæ
ивын- ↑ Том 1. Численность и размещение населения. Таблица 10
- ↑ Хозиты Федыр. Уæлладжыры комыл — Туалтæм. — Дзæуджыхъæу: Ир, 1999. — Ф. 102—103.
- ↑ Цагъаты Анастасия. Цæгат Ирыстоны топоними. II-æм хай. Дзæуджыхъæу, 1975.