Джермецыкк
Джермецыкк[3] (уырыс. Николаевская) у Цæгат Ирыстоны Дыгуры районы станицæ, Мустыздæх æмæ Бæрæгъуынмæ ’ввахс.
Станицæ | |
Джермецыкк | |
---|---|
уырыс. Николаевская | |
43°13′16″ с. ш. 44°12′37″ в. д.HGЯO | |
Паддзахад | Уæрæсе |
Федерацийы субъект | Цæгат Ирыстон |
Муниципалон район | Дыгуры район |
Истори æмæ географи | |
Бындурæвæрд | 1838[1] |
Сахатон таг | UTC+3:00 |
Цæрджытæ | |
Цæрджытæ | ↘2007[2] адæймаджы (2023) |
Цифрон идентификатортæ | |
Посты индекс | 363 402 |
|
Истори
ивынСтаницæйы истори райдыдта 1838-æм азы: уæд Бехъаны цур, Урсдон Теркмæ кæм æфты, уыцы ран æрцæрын кодтой цалдæр бинонджын æфсæддоны. Сæ хъæуы зæххыты фæзуат уыди 12576 дæсæтины.
1842-æм азмæ Джермецыччы царди 141 мыггаджы: 318 нæлгоймаджы æмæ 294 сылгоймаджы. Уыцы азы 23 ноябры уыдон бацыдысты Дзæуджыхъæуы хъазахъхъаг полчъы скондмæ, уымæй систы бынæттон цæрджытæ хъазахъхъ.
Станицæйы фыццаг бынаты бæстыхъæд æгæр уымæл уыд, уымæй цæрджытæ бирæ фæтухи кодтой, æмæ фæстæдæр хъæуы бынат аивтой хуссарырдæм Дур-Дуры доны былмæ.
Фыдыбæстæйы Стыр хæсты фæмардысты 360 станицæйагæй фылдæр. 1942-æм азы октябрæй 1943-æм азы райдианмæ станицæ гитлерон æфсады оккупацийы уыдис.
Советон дуджы Джермецыччы цы колхоз уыди, уый хуындис бынæттон революционер Легейдойы номыл. 2009-æм азы колхоз фæкъотыр и[4].
Кæс ноджы
ивынФиппаинæгтæ
ивын- ↑ 1,0 1,1 1,2 Цагъаты Анастасия. Цæгат Ирыстоны топоними. II-æм хай. Дзæуджыхъæу, 1975. Ф. 493, 503
- ↑ Численность постоянного населения Российской Федерации по муниципальным образованиям на 1 января 2023 года (с учётом итогов Всероссийской переписи населения 2020 г.). Федеральная служба государственной статистики (18 августа 2023). Датæ: 2023-æм азы 23 августы.
- ↑ Творчество осетинских писателей(æнæбаххæсгæ æрвитæн)
- ↑ Жители станицы Николаевской считают банкротство колхоза имени Легейдо искусственным