Гæздæнты Бæппийы (Иваны) фырт Гайто (Георгий) (райгуырдис 1903-æм азы 23 ноябры (6 декабры), Бетъырбухы — амардис 1971-æм азы 5 декабры, Мюнхены) уыдис ирон равзæрды уырыссаг фыссæг-эмигрант.

Гæздæнты Гайто
Гæздæнты Гайто (1920-тæ)
Гæздæнты Гайто (1920-тæ)
Райгуырды датæ 23 ноябры (6 декабры) 1903[1][2] кæнæ 1903-æм азы 6 декабры(1903-12-06)[3][2]
Райгуырæны бынат
Мæлæты бон 1971-æм азы 5 декабры(1971-12-05)[1][4][3][…]
Мæлæты бынат
Æмбæстонад Уæрæсейы импери Уæрæсейы импери
Франц Франц
Архайды хуыз прозаик, литературон критик
Уацмысты æвзаг уырыссаг[1][6][7]
ВикиКъæбицы логотип Викикъæбицы медиа

Цардафыст ивын

Райгуырдис 1903 азы 6 декабры Бетъырбухы, хъæды хæдзарады специалисты бинонты ’хсæн. Йæ фыды профессийы тыххæй бинонтæ арæх ивтой сæ цæрæнбынат. Царды фыццаг цыппар азы Гайто арвыста Бетъырбухы, Кабинеты уынджы (ныртæккæ Рæстдзинады уынг, уырыс. улица Правды). Уый фæстæ бинонтæ цардысты Сыбыры, Тверы губернæйы, Полтавæйы, Харьковы.

1919-æм азы, 16-аздзыдæй, Гæздæны-фырт бацыдис Бархионты змæлдмæ, «хæст цы у, уый базоныны охыл» («Вечер у Клэр»). Фæстæмæдзæуæг урсыты æфсадимæ Гайто æрæфтыдис Хъырымы, уый фæстæ Турчы. Константинополы фыст æрцыдис йæ фыццаг радзырд («Гостиница грядущего», 1922). Болгарийы сахар Шумены Гæздæны-фырт каст фæцис гимназ.

1923-æм азы та æрцардис Парижы. Уым Гайто арвыста йæ царды фылдæр хай. Райдайæнты дзы куыста уаргъхæссæгæй, паровозтæ æхсæгæй, завод «Ситроен»-ы кусæгæй. Кæд йæ эмигранты цард уыдис зын, уæддæр ын бантыстис каст фæуын Сорбоннæйы историон-филологион факультет.

1929-æм азы рухс федта йæ фыццаг роман «Вечер у Клэр». Уацмыс уайтагъд йæхимæ æркæсын кодта куыд чиныгкæсджыты, афтæ критикты дæр. А фæстæгтæ йæ схуыдтой, Владимир Набоковимæ иумæ, æрыгон фæлтæры тæккæ курдиатджындæр фыссæг. Гайто йæ фыццаг уацмысты фæрцы йæхицæн хорз литературон ном скæнгæйæ, арæх сæ мыхуыр кодта, эмиграцийы тæккæ нымаддæр журнал «Современные записки»-йы.

Гæздæны-фырты роман «Александр Вольфы æндæрг» (уырыс. Призрак Александра Вольфа; 1945–48) куыддæр рацыдис мыхуыры, афтæ тæлмацгонд æрцыдис æппæт сæйраг европæйаг æвзæгтæм.

Фæлæ кæд йæ литературон архайд уыдис æнтыстджын æмæ нымад, уæддæр Гайто кæрдзыны къæбæр ссарыны охыл бирæ азты дæргъы фæкуста æхсæвон таксистæй. Уыйбæрц рæстæджы дæргъы Парижы мæгуыргурты цардæй цы федта, уый æвдыст æрцыдис йæ роман «Ночные дороги»-йы (1941).

Хæсты азты Гæздæны-фырт цардис оккупацигонд Парижы. Архайдта Ныхмæлæуды змæлды, уыдис сусæг журналы редактор.

1953-æм азæй суанг йæ амæлæты бонмæ Гæздæны-фырт куыста радиостанцæ «Свобода»-йы журналистæй æмæ редакторæй. Уым Гайто амыдта уырыссаг литературæйыл дзурæг радиоалæвæрдтытæ.

Гæздæнты Гайто амардис 1971-æм азы 5 декабры Мюнхены сахары. Ныгæд æрцыдис Сент-Женевьев де Буайы уæлмæрдты, Парижмæ хæстæг.

Гайто йæ уацмыстæ фыста уырыссагау, иронмæ сæ тæлмац кодтой Гусалты Барис (рухс федтой журнал «Мах дуджы»), Безаты Фаризæ (роман «Александр Вульфы æндæрг» æмæ æртæ радзырды кæм ис, ахæм чиныг рацыдис 2021-æм азы[8]. 2021-æм азы ма журнал «Ирæф»-ы дыгурон æвзагыл рацыдис Гайтойы документалон чиныг «Франци зæнхæбæл» («Je m’engage a defendre», 1946), ратæлмац æй кодта Миндзайты Валентинæ.

Гайто æмæ масонад ивын

1932-æм азы фыссæг æмæ критик Михаил Осоргин æрбакодта Гæздæны-фырты масонты ложæ «Цæгат стъалы»-мæ. Уым Гайто ахста æндæр æмæ æндæр бынæттæ, 1961-æм азы та ссис ложæйы Мастер.

Æрвитæнтæ ивын

Фиппаинæгтæ ивын