Талышаг-Муганаг Автономон Республикæ

Талышаг Муганаг Автономон Республикæ (азерб. Talış-Muğan Muxtar Respublikası, тал. Toлъш-Mоғонә Moxтарә Республикә, Tolış-Moğonə Moxtarə Respublikə) фæзынди хуссар Азербайджаны районты, талышаг адæм кæм цырынц, уым. Талышаг адæм дзурынц талышаг æвзагыл (ныгулæн ирайнаг æвзæгты къордæй), фæлæ сын автономийы бар никуы радтой нæдæр советон, нæдæр нырыккон Азербайджаны. Уыцы аххосæй уыдонæй бирæтæ стюрк сты, дзурынц азербайджайнагау, се ’взаг нал зонынц.

Историон паддзахад
Талышаг-Муганаг Автономон Республикæ
Тырыса
Тырыса
 
 

Сæйраг сахар Ленкорань
Стырдæр сахартæ Ленкорань, Астара
Æвзаг талышаг, азербайджанаг
Официалон æвзаг талышаг æмæ азербайджайнаг
Дин пысылмон дин
Фæзуат 4659 км²
Хицауиуæджы хуыз президентон республикæ
ВикиКъæбицы логотип Викикъæбицы медиа

Азербайджаны парламент ног автономи нæ базыдта æмæ йæ фесафыны фæнд скодта. Республикæйы раздзог, æфсаддон булкъон Альакрам Гумматов (Гумбатов) сси ахæст. 1994 азы ахæстонæй алыгъди, фæлæ йæ ногæй байстой.

2004 азы 3 сентябры азербайджайнаг президент Ильхам Алиев ныххатыр кодта Гумматовы лаз, æмæ йæ ахæстонæй ауагътой. Азербайджайнаг гражданад уымæй райстой æмæ йæ Азербайджанæй рарвыстой. Ныртæккæ Гумматов Нидерландты цæры.