Турчы цæрджытæй сæ адæмыхаттмæ гæсгæ фылдæр хай сты туркæгтæ. Хъæуы ацы фарстайы фæбæрæг кæнын, Турчы Республикæйы сæвзæрды размæ, 1923-æм азы размæ амы цыæрджытæн сæ хином уыдис османтæ. Мустафа Кемаль разæрæвæрдта ном «турк», республикæйы ном та «Туркаг» уымæн æмæ уыцы ном тюркагæвзагон адæмыхæттыты æнгомдзинадæн фæпайда уыдаид. Турчы Республикæйы равзæрды рæстæджы йæ адæмы нымæц бæрæггонд уыдис куыд 12 532 мин адæймаджы. Æдæппæт бæстæйы арæзт уыдис адæмы 12 сфысты. 1927-æм азæй Турчы цæрджыты нымæц фæфылдæр ис 4,4 хатты, уыимæ æрмæст 1950-æм азæй 1985-æм азмæ — 2,5 хатты. Цæрджыты тагъд рæзт (2005-æм азы фæуæлдæр сты 70 милуанæй) у бæстæйы ахсджиаг проблемæ, турк бирæгæйттæй кусынмæ цæуынц фæсарæнмæ.

Цæрджыты райуæрст Турчы территорийыл у тынг æнæмбæрц. Бæстæйы тæккæ адæмарæхдæр регионтæ сты Мармæр æмæ Сау денджызты былгæрæттæ, æмæ, Эгейы денджызмæ цы районтæ æввахс сты, уыдон дæр. Тæккæ фылдæрнымæцджын сахар цæрджытæм гæсгæ у Стамбул, тæккæ æдзæрæгдæр район — Хаккяри.

Зилахаргæнæг дервиштæ
Сæ мадæлон æвзаг туркаг кæй у, уыдоны хай регионмæ гæсгæ

Бæстæйы никуы цыдис адæмы сфыст национ скондмæ гæсгæ, уый йеддæмæ ма фылдæр цæрджытæ, сæ равзæрдмæ нæкæсгæйæ, фыццаджыдæр нымайынц сæхи туркæгтыл, уый фæстæ та æрхъуыды кæнынц сæ равзæрд. Афтæ курдæгты фылдæр хай сæхи схонынц «догулу» — адæймаг бæстæйы скæсæнæй, фæлæ сæ мадæлон æвзаг та схонынц курдаг. Этносты нымæц, æввахсæй дæр тынг зын нымайын у. Бæрæггæнæнтæ сты тынг алыхуызон, фæлæ, æвæццæгæн, ис зæгъæн æмæ курдæгтæ бæстæйы сты 20 милуаны бæрц æмæ цæрынц йæ территорийы алы рæтты, æрмæст скæсæны, куыд раздæр, афтæ нæ.

Стыр у Турчы Цæгат Кавказæй рацæуджыты нымæц, хонынц сæ иумæйаг номæй «черкестæ». Сæ æрдæгæй фылдæр сты адыгъе, ноджы ма ис ирæттæ, абхазæгтæ, цæцæн, хъæрæсейæгтæ, абазæгтæ. Сæ иумæйаг нымæц алыхуызон бæрæггæнæнтæм гæсгæ æнкъуысы 3-4 милуан адæймаджы астæу.

Бæстæйы хуссар-ныгуылæны æнгомцард кæнынц 500 мин араббæгтæ. Егъау сахарты, уæлдайдæр Стамбулы, цæры бирæ сомихæгтæ (40 мины) æмæ ассириæгтæ. Лазтæ æмæ хемшилтæ (пысылмон дин райсæг сомихæгтæ) 0,5 милуаны, цæрынц сæйрагдæр Сау денджызы скæсæйнаг донбылтыл, ныры рæстæгмæ систы туркæгты этнографион дæлкъордтæ. Семæ ма ахæм дæлкъордтæ сты цæугæ цардгæнæг йорюктæ æмæ тахтаджтæ. Турчы дзуттæгтæ, кæдон бæстæйы адæмæй сты 0,1 % бæрц, сæхи нымайынц иудаизмыл хæст туркæгтыл. бердзенæгтæ, албайнæгтæ, гуырдзы, азербайджайнæгтæ æмæ бирæ æндæр адæмыхæттыты минæвæрттæ цæрынц æнæхъæн бæстæйы, сæйрагдæр та егъау сахарты Стамбулы, Измиры, Анкарайы.

Уый йеддæмæ ма бирæ туркаг адæм ралыгъдысты Туркмæ Болгарийæ, кæддæры Югославийæ, Румынийæ æмæ раздæры Советон Цæдисæй, æмæ æрцардысты сæйрагдæр Антальяйы æмæ Измиры курортон тæгты, къаннæгдæр хай та — Бурсæйы æмæ Стамбулы.