Абазаг адæм
Абазаг адæм, абазæгтæ[6] (абаз. абаза) — Кавказы автохтонон адæмтæй иу, хауы абхазаг-адыгаг адæмтæм. Сæ цæрæнтæ фылдæр сты Хъæрæсе-Черкесы Республикæйы. Нымад сты европеоидон расæйы понтиаг дæлтипыл.
Абазæгтæ | |
---|---|
Ахæлиу æмæ нымæц | |
Æдæппæт: 150 000 | |
|
|
Иумæйаг информаци | |
Æвзаг | абазаг |
Дин | пысылмон дин |
Этникон дæлкъордтæ | тапантæ |
Викикъæбицы медиа |
Иумæйаг бæрæггæнæнтæ
ивынНыры дуджы цæрынц Уæрæсейы Федерацийы, æппæты тыгуырдæрæй Хъæрæсе-Черкесы 13 хъæуы[7]. Уымæй уæлдай ма цалдæр диаспорæйы ис Хæстæг Скæсæны.
Этнонимон ном абаза (абазгтæ), стæй ацы этникон къордмæ хауæг знæмты кой цæуы антикон авторты сфæлдыстады суанг нæ дуджы агъоммæ V-æм æнусæй. Зæгъæм, рагбердзенаг историк Геродот (V-æм æнус нæ д.а.) йæ рагдунейы картæйы Сау денджызы былгæрæттыл цæрæг знæмты астæу, коракстæ æмæ колхтимæ бацамыдта абасгты знæм дæр. Абазаг æвзаг иртасæг Генко А.Н. уый фæдыл фыста:
Термин абаза тынг рагон равзæргæ у, æмæ иумæйаг нысаниуæг хæссы æвзаг æмæ культурæ баиугæнæг фæрæзау… Генко А.Н. |
Нырыккон абазæгтæн сæ историон ратæдзæн у ныры Абхазы территори[8]. Уыимæ лингвистикон æгъдауæй дæр абазæгтæ тæккæ хæстæгдæр сты абхазæгтæм, фæлæ дзæвгар у сæ адыгаг хайбавæрд дæр, кæсгæтты æндæвдады фæстиуæгæн. Уымæ гæсгæ сæ культурæйы абхазаг элементтæ адыгæгтæй дзæвгар къаддæр сты. Абазæгтæ сæ динмæ гæсгæ пысылмæттæ — сунниттæ сты.
Уæрæсейы федерацийы кусы абазаг-абхазаг этносы райрæзты æхсæнадæмон иугонд[9], йæ централон офис Бетъырбухы; Черкесск стæй Сухумы хайæдтимæ. Организацийы президент — Экзеков Мусса Хабалы фырт — амалгæнæг, меценат, æхсæнадон архайæг.
Нымæц
ивынАбазæгты нымæц районтæм гæсгæ 2010-æм азы афысты:
Хъæрæсе-Черкесы хай сахарты æмæ хъæуты | |
---|---|
Административон иуæг | абазæгты % |
Абазайы район | 86,8 % |
Адыге-Хаблы район | 29,8 % |
Черкесскы сахары зылд | 8,2 % |
Чысыл Хъæрæсейы район | 7,8 % |
Усть-Джегутайы район | 4,5 % |
Ногъайы район | 1,7 % |
Хабезы район | 1,2 % |
Абазæгты нымæц цæрæнрæтты 2010-æм азы Æппæтуæрæсеон афысты бæрæггæнæнтæм гæсгæ[10]:
|
|
|
|
- сахар Мæскуы 318
Диаспорæ
ивынАбазаг диаспорæйы фылдæр хай ис ацы бæстæты: — Турк, Мысыр, Сири, Иордани æмæ Ливаны. Диаспорæйы бæлвырд нымæц бæрæг нæу, фæлæ æппæты лоялондæр цæстæнгасмæ гæсгæ 100 минмæ хæццæ кæны. Уыимæ паддзахадон бæрæггæнæнтæм гæсгæ 1858-æм азæй 1864-æм азы онг Туркмæ мухадзыртæй фæцыд 50 мин абазаджы, кавказаг мухадзырты рæстæг та райгуырæн бæстæ ныууагътой 100-150 мин адæймаджы[11]. Фæлæ уыцы адæмы байзæддæгтæ фылдæр ассимиляцигонд æрцыдысты, уыимæ æрмæст турк æмæ араббæгты æхсæн нæ, фæлæ ма иннæ мухадзырты астæу — адыг æмæ абхазтæ раисты.
Æвзаг
ивынАбазæгтæ дзурынц цæгат-кавказаг абхазаг-адыгъейаг къорды абазаг æвзагыл. Уый та йæхæдæг дих кæны дыууæ диалектыл — тапантаг æмæ ашхараг. Фыссынад — кириллицæйы бындурыл. Уæрæсейаг абазæгты фылдæр хай уымæй уæлдай зонынц кæсгон-черкесаг æмæ уырыссаг æвзæгтæ.
Тапанта
ивынАбазæгты иу хай йæхи хоны t’apanta æмæ уый, æвæццæгæн, цæуы ирон тъæпæнтæ-йæ[6][12].
Галерей
ивын-
Абазæгтæ XIX-æм æнусы
-
Уæздан абазаг
-
Хъæу Дарыква-кыты чындзæхсæв. XIX-æм æнусы астæу
-
Хъæу Бикбаты (нырыккон Эльбурган) уæздан мыггæгтæй абазаг сылгоймæгтæ
-
Абазаг тамгъатæ
Фиппаинæгтæ
ивын- ↑ 1,00 1,01 1,02 1,03 1,04 1,05 1,06 1,07 1,08 1,09 Итоги Всероссийской переписи населения 2010 года в отношении демографических и социально-экономических характеристик отдельных национальностей
- ↑ 2,0 2,1 2,2 2,3 2,4 состав населения городов и районов КЧР в разрезе наиболее многочисленных национальностей(æнæбаххæсгæ æрвитæн)
- ↑ Ethnologue.com Abaza
- ↑ Население Абхазии Архивгонд æрцыдис 10 февралы 2018 азы.: Перепись 2011 г.
- ↑ Всеукраинская перепись населения 2001 года
- ↑ 6,0 6,1 Дзиццойты Юри. Абазаг-ирон лексикон æнгæсдзинæдтæ. «Мах дуг», 2018 аз, №1, 73-æм фарс
- ↑ Кунижева Л. З., Смирнова Я. С. Абазины // Народы и религии мира: Энциклопедия / Гл. ред. В. А. Тишков, Редкол.: О. Ю. Артёмова, С. А. Арутюнов, А. Н. Кожановский и др.. — М., 1998. — С. 19. — 928 с. — ISBN 5-85270-155-6.
- ↑ Тхайцухов Михаил Семёнович. Абазины на Северном Кавказе и в Турции (XVIII - XX вв.). — Автореферат диссертации на соискание учёной степени доктора исторических наук. — Москва: МГУ, 2005.
- ↑ http://alashara.org
- ↑ База микроданных Всероссийской переписи населения 2010 года(недоступная ссылка). Датæ: 2020-æм азы 21 октябры. Архив 2014-æм азы 9 июны.
- ↑ Абазины / историко-этнографический очерк. Черкесск 1989. — стр. 63, ISBN 5-7644-0269-7, 5000 экз.
- ↑ Абаев В.И. Осетинский язык и фольклор. Том I. Москва-Ленинград: Издательство Академии Наук СССР, 1949
Литературæ
ивын- Анчабадзе Ю. Д., Шилакадзе М. И. (фольклор) и БРЭ (2015). Абазины // Большая российская энциклопедия : электронная версия. — 2016. — Дата обращения: 03.03.2018.
- Абазины // Народы России. Атлас культур и религий. — М.: Дизайн. Информация. Картография, 2010. — 320 с. — ISBN 978-5-287-00718-8.
- Абазины // Этноатлас Красноярского края / Совет администрации Красноярского края. Управление общественных связей ; гл. ред. Р. Г. Рафиков ; редкол.: В. П. Кривоногов, Р. Д. Цокаев. — 2-е изд., перераб. и доп. — Красноярск: Платина (PLATINA), 2008. — 224 с. — ISBN 978-5-98624-092-3. Архивон къопи 29 ноябры 2014, Wayback Machine-ы
- Надежда Емельянова, Мусса Экзеков. Абазанский Ренессанс. Книга 1. Наперекор стихиям. — М., ИД «Граница», 2020. — 415 с., илл. Худ. О. В. Граблевская — ISBN 978-5-9933-0222-5.
Æрвитæнтæ
ивын- В. Б. Виноградов. Средняя Кубань. Земляки и соседи. Абазины
- Абазино-Абхазская национальная сеть «Abazashta.com»
- Союз абазинской молодёжи «Шарпны»
- Международное объединение содействия развитию абазино-абхазского этноса «Алашара».
- Михаил Тхайцухов о самоназвании «Абаза»
- Надежда Емельянова, Мусса Экзеков. В СТРАНЕ АБАЗА
- Мусса Экзеков, Надежда Емельянова. По обе стороны Большого Кавказа. Том 1. Абазины и черкесский вопрос.
- Всемирный абхазо-абазинский конгресс — Мы объединяем абхазов и абазин по всему миру.