Уæйгуытæ (иууон нымæц: уæйыг) — ирон мифологийы сæйрагдæр персонажтæй, иуцæстон, æвдсæрон æмæ суанг фондзыссæдзсæрон уайгуытæ, Хуыцау сæ сфæлдыста иартæй раздæр, асæй сты тынг стыр, хъаруйæ та — æнæбауырнгæ тыхы хицау, тох кæнынц нартимæ, фæлæ æдзух састы бынаты баззайынц (нарты кадджыты æмбæлынц ахæм уæйгуытæ дæр, иуæй-иу хъайтартимæ хæлæрæй чи цæры æмæ сын сæ цоты чи хъомыл кæны, зæгъæм, Хуры чызг Ацырухсы). Тох гъе уыцы уæйгуытимæ нартæй бирæтæн скодта кад æмæ ном; нарт уæйгуытыл уæлахиз кодтой зонд æмæ хины фæрцы, нарты кадджыты æппæты зынгæдæр уæйгуытæ сты:

  • Тыхы фырт Мукара, йæ фыдæлтæн ын нарт фыстой хъалон рæсугъд чызджытæй, лæгæй-лæгмæ тохы йæ амардта æрыгон Батырадз;
  • Елтагъан, амардта йæ Сослан, сызгъæрин сæрыхил ын кæй уыд, æрмæстдæр уый тыххæй (Сослан нарты сæры цъæрттæй йæхицæн хуыдта кæрц, æмæ йын хъуыдис рæсугъд æфцæггот);
  • Алæф, цыдис нарты хъæзтытæм æмæ цæнкуылтæ æмæ уæнгсæстытæ кодта нарты фæсивæды;
  • Хъæндзæргæс, Бæдзæнæг, Мукара, Быбыц, Хъулонзачъе уæйыг æмæ æндæртæ.

Литературæ ивын

  • Дзадзиты А., Дзуццаты X., Хъараты С. Ирон адæмы этнографи æмæ мифологи. Цыбыр дзырдуат. Дзæуджыхъæу. 1994. — 284 с.