Финляндийы Стыр кънйазад

Финляндийы Стыр кънйазад (фин. Suomen suuriruhtinaskunta, уырыс. Великое княжество Финляндское, швед. Storfurstendömet Finland) уыд Уæрæсейы империйы сконды хæдуынаффæ территори (18091917). Финлянди афтæ хуынди 1581-æм азæй (фыццаг Швецийы сконды). Уæрæсейы империйы Финляндийæ уыдис уæрæх автономи (суанг хицæн валютæ æмæ официалон æвзæгтæ дзы уыдис).

Финляндийы Стыр кънйазад
Storfurstendömet Finland
Suomen suuriruhtinaskunta
Тырыса Герб
Тырыса Герб
Фæзынд 1809
Хæдбар сси 1917
Æвзаг шведаг,
финнаг (1883-æм азæй),
уырыссаг (1809-1863, 1900-1917)
Сæйраг сахар Або (1812-æм азы онг)
Гельсингфорс (1812-æм азæй)
Стырдæр сахартæ Гельсингфорс, Або, Выборг
Хицауиуæджы хуыз Конституцион монархи
Фæзуат 338 145 км²


Валютæ Финляндийы маркæ, сом

18091812 азты Финляндийы кънйазады сæйраг сахар уыдис Турку (уæд йæ шведаг номæй зындгонд — Або), фæстæдæр сæйраг сахар сси, Бетъырбухмæ хæстæгдæр чи у, уыцы денджызгæрон сахар Хельсинки (уæд Гельсингфорс хуынди).

Швеци æмæ Уæрæсейы æхсæн фæстаг хæст (18081809) Уæрæсейы уæлахизæй куы фæци, уæд Швецийы къаролад Уæрæсейы империмæ «æнусон хицауиуæгæн» радта æппæт Финлянди, Аланды сакъадæхтæ æмæ Вестро-Ботни цæугæдæттæ Торнео æмæ Муониойы онг.

Финляндийы Стыр кънйазад 1900-æм азы