Хъуымыхъхъаг æвзаг
Хъуымыхъхъаг æвзаг (къумукъ тил) у хъуымыхъхъаг адæмы мадæлон æвзаг, дзурынц ыл Дагъистаны быдырон хайы æмæ цæгаты хохрæбын, Цæцæны цæгаты æмæ Цæгат Ирыстоны Мæздæджы районы. Хауы тюркаг æвзæгты кыпчакаг къордмæ (уырдæм ма хауынц хъæрæсейаг-балхъайраг, ногъайаг æмæ æндæр æвзæгтæ). Дзурджыты нымæц у 450—500 мин адæймагмæ ’ввахс.
Хъуымыхъхъаг æвзаг | |
---|---|
къумукъ тил | |
![]() | |
Бæстæтæ | Уæрæсе |
Регионтæ | Дагъистан, Цæцæн, Цæгат Ирыстон |
Официалон статус | Дагъистан |
Дзурджыты нымæц | 500 000 |
Классификаци | |
Категори | Евразийы æвзæгтæ |
Фыссынад | кириллон алфавит |
Æвзаджы кодтæ | |
ISO 639-1 | — |
ISO 639-2 | kum |
ISO 639-3 | kum |
ГОСТ 7.75–97 | кум 349 |
WALS | kuq |
Atlas of the World’s Languages in Danger | 1074 |
Ethnologue | kum |
IETF | kum |
Glottolog | kumy1244 |
Хъуымыхъхаг у Дагъистаны æхсæз литературон æвзагæй иу. Ацы рæттæм Уæрæсейы империимæ баиуы агъоммæ хъуымыхъхъаг æвзаг уыди Дагъистаны адæмты ’хсæн дзурыны фæрæз. Хъуымыхъхъаг æвзагыл цæуы газет «Ёлдаш».
История
ивынХъуымыхъхъаг æвзаджы периодизаци нæма сбæлвырд ис. Иуæй-иу ахуыргæндтæм гæсгæ уый равзæрдис манголы бабырсты агъоммæ (XIII-æм æнусы агъоммæ).
Лингвистикон характеристикæ
ивынФыссынад
ивын1928-æм азы онг хъуымыхъхъ пайда кодтой араббаг алфавитæй. 1927-æм азæй фæстæмæ ’мæ 1938-æм азы онг сæ фыссынад уыдис латинаг бындурыл.
1938-æм азæй фæстæмæ æмæ ныры онг пайда кæнынц кириллон графикон бындурыл хъуымыхъхъаг алфавитæй:
А а | Б б | В в | Г г | Гъ гъ | Гь гь | Д д | Е е |
Ё ё | Ж ж | З з | И и | Й й | К к | Къ къ | Л л |
М м | Н н | Нг нг | О о | Оь оь | П п | Р р | С с |
Т т | У у | Уь уь | Ф ф | Х х | Ц ц | Ч ч | Ш ш |
Щ щ | Ъ ъ | Ы ы | Ь ь | Э э | Ю ю | Я я |
Фонологион бæрæггæнæнтæ
ивынÆвзаджы ис 8 хъæлæсоны — а, е, ы, и, о, оь, у, уь, ис дзы ноджы æртæ æвдисæйнагмæ гæсгæ ныхмæвæрæн (рæнхъ, сисæн, лабилизаци). Иуæй-иу дзырдты (фылдæр æрбайсгæ чи сты, ахæмты) вæййы хъæлæсон ə.
Уæнг
ивынУæнджы сæйраг хуыз у CVC, ноджы ис ахæм хуызы уæнгтæ: V, VC, CV, VCC, CVCC.
Морфологи
ивынÆвзаджы морфологион хуыз
ивынДзырд кæнæ морфемæйы райдианы хъæлæсонты иугæнæн нæй.
Морфологион категориты сконд æмæ мидис
ивынИс 10 ныхасы хайы — номдар, миногон, нымæцон, номивæг, мивдисæг, фæрсдзырд, бæттæг, хайыг, æвастхъæр æмæ фæсдзырд.
Хъуымыхъхъаг æвзаджы нæй грамматикон æрд. Бирæон нымæц арæзт цæуы, -лар (-лер), зæгъгæ, ахæм фæсæфтуаны фæрцы.
Æвзаджы ис æхсæз хауæны.
Дзырдарæзты бындурон фæрæз
ивынДзырдарæзты бындурон фæрæз у аффиксалон, вæййы дæр дзырдиукæнынад.
Диалекттæ
ивынХъуымыхъхъаг æвзаджы ис ахæм диалекттæ:
- бойнахъаг,
- хасавюртаг,
- кайтаггаг,
- дæлхæххон,
- теркаг.
Иннæтæй хицæн лæууы кайтаггаг диалект. Иуæй-иу диалектты зыны кавказаг æвзæгты тæваг: цæвиттон, ис дзы «кавказаг» абруптивон æмхъæлæсонтæ[1].
Нырыккон литературон хъуымыхъхъаг æвзаг арæзт æрцыдис хасавюртаг æмæ бойнахъаг диалектты бындурыл.
Библиографи
ивын- Дмитриев Н. К., Грамматика кумыкского языка, М.— Л., 1940; (уырыс.)
- Гаджиева Н. З., Кумыкский язык, в сборнике: Младописьменные языки народов СССР, М.— Л., 1959; (уырыс.)
- Русско-кумыкский словарь, М., 1960; (уырыс.), (хъуым.)
- Магомедов А. Г., Кумыкский язык, в кн.: Языки народов СССР, т. 2, М., 1966. (уырыс.)
Æрвитæнтæ
ивын- Дагъистаны хъуымыхъхъаг æвзагыл чи цæуы, уыцы газет «Ёлдаш» Архивгонд æрцыдис 23 сентябры 2009 азы. (фæстаг номырты архив) (хъуым.)
- Хъуымыхъхъаг æвзаг сайт «Языки народов России»-йы (уырыс.)
- Хъуымыхъхъаг æвзаджы дæнцæг (текст æмæ аудио)
- Уырыссаг-хъуымыхъхъаг дзырдуат (1960) Архивгонд æрцыдис 24 ноябры 2019 азы. (DjVu, tiff)
Фиппаинæгтæ
ивын- ↑ БСЭ. Кумыкский язык(æнæбаххæсгæ æрвитæн)(уырыс.)