Хормозган
Хормозган Ираны остан استان هرمزگان | |
---|---|
Ран | |
![]() | |
Статистикæ | |
Сæйраг сахар: | Бендер-Аббас |
Стырдæр сахартæ: | |
Фæзуат: | 70 669 км² |
Цæрджытæ (2005): • Æнгомдзинад: |
1 114 667 • 18,6/км² |
Шахрестанты нымæц: | 11 |
Сахатон таг: | UTC+3:30 |
Æвзаг: | фарси белуджиаг араббаг |
Хормозга́н (перс. هرمزگان - Hormozgân) у Ираны остантæй иу, ис паддзахады хуссары, денджызгæрон. Йæ сæйраг сахар — Бендер-Аббас.
Остан Хормозганмæ хауынц Персы бакæлæны 14 сакъадахы, уыдонæй сакъадах Киш у зындгонд курорт.
Хормозган у ахсджиаг экономикон район. Ис дзы 11 порты, 5 мидæг аэропорты, 3 æхсæнадæмон аэропорты. Размæцыд хъæууон хæдзарад дæтты, æндæр продуктты ’хсæн, æппæт Ираны провинцитæй фылдæр лимонтæ. Ираны цы кæсаг ласынц, уымæй 30% — Хормозганы.