Хуссар (Цæгат Ирыстон)
Хуссар, дыгуронау Хонсар у хъæу Цæгат Ирыстоны Æрæфы районы. Ис Уæллагкомы. Ныртæккæ æдзæрæг у.
Хъæу | |
Хуссар | |
---|---|
Хонсар | |
42°54′21″ с. ш. 43°50′36″ в. д.HGЯO | |
Паддзахад | Уæрæсе |
Федерацийы субъект | Цæгат Ирыстон |
Муниципалон район | Æрæфы район |
Истори æмæ географи | |
Сахатон таг | UTC+3:00 |
Цæрджытæ | |
Цæрджытæ | 0 адæймаджы |
|
Географи
ивынХъæу æрбынат кодта Сонгуыты доны галиу был.
Хонсари гъæу æвæрд адтæй Думти гъæумæ хæстæг, Сонгути дони галеу фарс, Хонсарбæл.
Истори
ивынГъæуи цæргутæн се ’гъдæуттæ, сæ царди уавæртæ æма сæ иннæ гъуддæгтæ адтæнцæ æмхузон Уæллагкоми зилди гъæути цæргути хæццæ. Етæ дæр иннæ хуæнхаг гъæути цæргути хузæн сæ царди дæргъи æвзурстонцæ зин цард, тухстæнцæ берæ нæхъæртондзийнæдти туххæй. Анæн дæр хуми зæнхитæ фагæ нæ адтæй. Сæ фæндæгтæ адтæнцæ лæгъуз, алли афони сæмæ уæрдун нæ зилдæй, сæ бацæуæн хедтæ син арæх ивулд дон фæлласидæ. Аразæн æрмæг, уæдта син æндзарæн сог хæсгæ æрцæуидæ хайуантæбæл идардæй. Гъæуи цæргутæ фулдæр кодтонцæ фонси куст. Адтæй сæмæ фонси хезнитæ сæ фагæ, хуасæ цæттæ кæнунæн игуæрдæнтæй ба гъæздуг нæ адтæнцæ.
Думтæ æма Хонсари гъæутæмæ хæстæг ес, сирдтæбæл цауæн кæмити кæнун æнгъезуй, уæхæн гъæздуг бунæттæ. Еци бунæттæ æнцæ Сонгути ком, Донисæр, Скъæдти æфцæг æма Уорс хонхи рæбунтæ. Сирдтæн сæ фулдæртæ хаст æрцудæнцæ Сурх киунугæмæ, закъонæй гъæуайгонд цæунцæ. Нур фæстаг цалдæр анзи Уорс хонхи будурти хезунцæ сæдæгæйттæй æд зумæг, æд сæрдæ совхози яктæ. Рагон цæргутæн Хонсари гъæуи дæллæй, бæрзонд къулдуни буни (æндзæри) адтæй уæлмæрдтæ, уоми ба дортæй даст 7 уобаййи — археологон циртдзæвæнтæ. Еци уобæйттæй, дан, сæ еу адтæй Кудзойти муггаги уобай.[1]
Мыггæгтæ
ивынЦардысты дзы Айлартæ, Абетæ, Агкатæ, Байсонгъуртæ, Гегкитæ (Джеджджитæ), Дзустæ, Зигойтæ, Икъатæ, Къубузтæ, Олиатæ, Цæрæктæ.[2]