Цæгæратæ[1] (уырыс. Цагараевы) сты ирон мыггаг.

Равзæрд ивын

Цæгæратæ раздæр цардысты Куырттаты комы, фæлæ раджы кæддæр алыгъдысты Садоны коммæ, Зджыды хъæумæ. Уым фæцардысты бирæ рæстæг. Зджыдæй арæх цыдысты Дыгургоммæ, Уæллагкомы хъæутæм. Ам сын бирæ зонгæтæ æмæ лымæнтæ уыд. Уæллагкоймæгтæ дæр арæх бæрæг кодтой Зджыды Цæгæраты. Иу рæстæджы Цæгæратæй иу æрыгон лæппу царди Дымты Абетæм, куыд сæхи бинойнаг, афтæ. Дымтыхъæуы Абеты дыууæ æфсымæры ‘хсæн æрцыд хъаугъа. Æфсымæртæ Цæппо æмæ Саламон байуæрстой. Цæппойæн уыд фондз чызджы, лæппу йын нæ уыд. Саламонæн та уыд фондз фырты. Саламон загъта Цæппойæн, цæмæй йæ хæдзар радтаид амæлæты фæстæ Саламоны лæппутæй иуæн. Цæппо йе ‘фсымæры ныхас банымадта æфхæрдыл, æмæ йæ зæрдыл æрлæууыд йæ рагон лымæн Зджыды хъæуккаг Цæгæраты лæппу. Æркодта йæ Дымтæм æмæ йын загъта: «Мæ фондз чызгæй дæ зæрдæмæ чи фæцæуа, уый ракур, мæ хæдзар дæу уыдзæн, куы амæлон, уæд». Цæгæраты лæппу сразы. Чызджытæй иуы ракуырдта æмæ цард Абеты Цæппойы хæдзары. Райгуырд сын фырт Гацыр. Гацыры мыггаг ныффыстой Абетæй. Гацыр куы слæг ис, уæд ракуырдта Бекмæрзты Гудзийы. Райгуырд сын дыууæ фырты: Микъо æмæ Даниел. Фæстæдæр Микъо ралыгъд Салугæрдæнмæ (ныры Алагирмæ). Ам сæ мыггаг раивтой сæхи раздæры мыггагмæ — Цæгæратæм.[2]

Зындгонд Цæгæратæ ивын

Фиппаинæгтæ ивын

  1. Гаглойты Зинæ. Ирон мыггæгтæ: Дзæуджыхъæу: Ир, 2005 — 359 ф.
  2. Гаглойты З. Д. Ирон мыггæгтæ. — 2-аг баххæстгонд рауагъд. — Цхинвал: «Республика», 2017. — 372 с.