Цыми (Алагиры район)

Цыми у хъæу Цæгат Ирыстоны Алагиры районы, Нарыдон æмæ Мамысондон иу кæм кæнынц, уым.

Хъæу
Цыми
42°41′40″ с. ш. 43°58′46″ в. д.HGЯO
Паддзахад Уæрæсе Уæрæсе
Федерацийы субъект Цæгат Ирыстон
Муниципалон район Алагиры район
Истори æмæ географи
Сахатон таг UTC+3:00
Цæрджытæ
Цæрджытæ 29[1] адæймаджы (2010)
Цифрон идентификатортæ
Телефонон код +7 86731
Посты индекстæ 363225
Цыми (Алагиры район) (Уæрæсе)
Цыми (Алагиры район) (Цæгат Ирыстон)

Истори

ивын

У Туалгомы рагондæр хъæутæй. Йæ фыццаг æрцæрæг Бигъуылайы мæсыг æвæрд уыдис Цмийы къæдзæхы фидар риуыл. Ам Бигъуыла суазæг кодта Гуырдзыйæ Кæсæгмæ фистæгæй цæуæг кæсгон кънйаз Иналы фырт Хетæджы. Бæллиццаг уыдысты Бигъуылайы цæрæн бынат æмæ фадæттæ. Йæ хъæу лæууыд стыр фæзы. Йæ мæсыг — Цмийаг комы доны галиу был фидар къæдзæхыл.

Йæ хуымзæххытæ — йæ алыварс. Буц уыди Цмийы стыр хъугомæй. Фосхизæнтæ, хосгæрст зæххытæ æмæ хъæд — парахат Цмийаг комы уæлвæзты, фæхсыты æмæ адæгты. Суæрттæ хæстæг — Æрыдоны доны фæйнæ фæрсты.

Азæй-азмæ рæзти хъæу. Бирæ кодтой Бигъуылайы байзæддæгтæ. Фæстагмæ сæ фарсмæ æрцардысты Дзанайтæ, Гуыбатæ, Хетæгкатæ.

Цмийаг комы доны рахиз фарс стыр фæзæй дардмæ зынд зынгæ ирон фыццаг дохтыр Хетæгкаты Андухъапары дыууæуæладзыгон цъæхсæр хæдзар. Сæрды бонты Бетъырбухæй ссæугæйæ-иу дзы йæ фæллад уагъта Андухъапар, дзæбæх кодта йе ’мбæстон æвæгæсæг рынчынты.

Ам, йæ мады амарды фæстæ, хъомыл кодта, адæмæн йæ фæлмæн зæрдæйæ зындгонд Хетæгкаты Чендземæ ирон адæмы уарзон хъæбул Хетæгкаты Къоста.

Хъæуы астæу нырма лæууы чысыл, фæлæ рæсугъд рагон аргъуан, æмæ дзы цæрджытæ пайда кæнынц культурон æмæ æхсæнадон хъуыддæгтæн.[2]

Мыггæгтæ

ивын

Цардысты дзы Бигъуылатæ, Кæсæбитæ, Гуыбатæ, Дзанайтæ.[3]

Фиппаинæгтæ

ивын
  1. Том 1. Численность и размещение населения. Таблица 10
  2. Хозиты Федыр. Уæлладжыры комыл — Туалтæм. — Дзæуджыхъæу: Ир, 1999. — Ф. 77—78.
  3. Гаглойты Зинæ. Ирон мыггæгтæ: Дзæуджыхъæу: Ир, 2005, 244 ф.