Эдисси
Эдисси́ (Едессиа кæнæ Едессия дæр фыссынц) у Стъараполы крайы Курскаяйы районы хъæу, уыцы районы дыккаг стырдæр цæрæнран. Лæууы цæугæдон Хъуырæйы доны былтыл. Цæры дзы 5,8 мин адæймаджы.
Хъæу | |
Эдисси | |
---|---|
уырыс. Эдиссия | |
44°02′30″ с. ш. 44°33′10″ в. д.HGЯO | |
Паддзахад | Уæрæсе |
Федерацийы субъект | Стъараполы край |
Муниципалон зылд | Курскаяйы район |
Истори æмæ географи | |
Бындурæвæрд | 1797 |
Сахатон таг | UTC+3:00 |
Цæрджытæ | |
Цæрджытæ | ↗5773[1] адæймаджы (2021) |
Цифрон идентификатортæ | |
Телефонон код | +7 87964 |
Посты индекс | 357870 |
edissiya.ru | |
|
Районы центр — станицæ Курская — у Эдиссийæ 5 км ныгуылæнырдæм. Хæстæгдæр æфсæнвæндаджы станцæ — Мæздæг — у 45 км хуссарырдæм.
Истори
ивынХъæуы бындур савæрдтой 1797-æм азы император Павелы барамындмæ гæсгæ. Уыцы барамындæй, сæхи куырдиатмæ гæсгæ дæсгай сомихаг бинонтæ ралыгъдысты ныры Дагъистан æмæ Азербайджаны зæххытæй Цæгат Кавказы быдыртæм.
Уымæ гæсгæ Эдиссийы цæрæг сомихæгтæ дзурынц тюркаг равзæрды æвзагыл (кæнæ, уымæй цы цалдæр фразæйы баззадис, уыдонæй пайда кæнынц).
Хъæуы ис агуыридурæй амад сомихаг аргъуан. Уый нымад у Стъараполы крайы зæронддæр сомихаг аргъуаныл (йæ ныры агъуыст у 1914-æм азы амад).
Фиппаинæгтæ
ивын- ↑ Таблица 5. Численность населения России, федеральных округов, субъектов Российской Федерации, городских округов, муниципальных районов, муниципальных округов, городских и сельских поселений, городских населенных пунктов, сельских населенных пунктов с населением 3000 человек и более. Итоги Всероссийской переписи населения 2020 года. На 1 октября 2021 года. Том 1. Численность и размещения населения (XLSX). Датæ: 2022-æм азы 1 сентябры. Архив 2022-æм азы 1 сентябры.