–стан (–стон) у бирæ бæстæты нæмттæ кæмæй фæуд кæнынц, ахæм фæсæфтуан. Йæ ратæдзæн у индоевропæйаг уидаг *stā- «лæууын» æмæ персайнаг æвзаджы амоны «бынат, бæстæ». Нырыккон персайнаг æмæ таджикаг æвзæгты ацы фæсæфтуанæй (-истан /-истон) фæпайда кæнынц топонимтæ аразгæйæ.

Ацы дзырдаразæн хай ис бирæ бæстæты æмæ регионты нæмтты, уæлдайдæр Централон Азийы æмæ Индийы субконтиненты. Уымæн ис объективон аххосаг — уым раджы заманты парахатæй пайда кодтой персайнаг æвзагæй.

Ирон æвзаджы æмбæлынц дзырдтæ Ирыстон, Гуырдзыстон æмæ Сомихыстон (арæхдæр Сомих).

Паддзахæдтæ

ивын

Ираны провинцитæ

ивын

Æндæр регионтæ

ивын