Брытъиаты Созырыхъо

ирон фыссæг

Брытъиаты Ауызбийы фырт Созырыхъо (райгуырдис 1892-æм азы 28 декабры, Куырттаты комы Дæллагхъæу — амардис 1961-æм азы 11 майы) уыдис ирон фыссæг.

Брытъиаты Созырыхъо
Райгуырды датæ 1892-æм азы 28 декабры(1892-12-28)
Райгуырæны бынат Дæллагхъæу
Мæлæты бон 1961-æм азы 11 майы(1961-05-11) (68 азы)
Æмбæстонад (дæлхицауад)
Архайды хуыз фыссæг
Уацмысты æвзаг ирон
Хорзæхтæ
орден «Кады Нысан»

Брытъиаты Ауызбийы фырт Созырыхъо райгуырдис Куырттаты комы Дæллагхъæуы. Октябры революцийы размæ Созырыхъо каст фæцис реалон училище Дзæуджыхъæуы.

Цæгат Ирыстоны Советон тыхбары ныффидары фæстæ Созырыхъо уыдис бынæттыл хицауиуæг организаци кæныны хъуыддаджы инструктор, бирæ рæстæджы дæргъы куыста республикæйы газет «Рæстдзинад»-ы редакцийы. 1932-æм азы уый бацыдис Ленинграды паддзахадон университеты филологион факультетмæ, æмæ йæ каст фæуыны фæстæ (1937) активон куыст кодта Хуссар Ирыстоны зонадон-иртасæн институты; фæстæдæр та ахста газет «Коммунист»-ы редакторы хæдивæджы бынат.

1939-æм Брытъиаты Созырыхъо рацыдис цæрынмæ Цæгат Ирыстонмæ. Ам уыдис Цæгат Ирыстоны зонадон-иртасæн институты кусæг, чиныгуадзæны директор.

Терминологион къамисы куы куыста, уæд активонæй архайдта ирон æвзаджы терминологийы унификацийыл. Нарты эпосы комитеты нымæрдар уæвгæйæ, Созырыхъо уыдис нарты кадджыты æмиугонд текст мыхуырмæ цæттæгæнджытæй иу (эпос мыхуырæй рацыдис 1946-æм азы). Брытъиайы-фырт бирæ бафыдæбон кодта ирон адæмон аргъæуттæ мыхуыры рауадзыныл.

Созырыхъойы уацтæ фыццаг хатт рухс федтой 1916 азы. Йæ уацхъуыдтæ Хетæгкаты Къостайы тыххæй, ирон адæмы хъизæмар царды тыххæй мыхуыргонд цыдысты газет «Терек»-ы.

Брытъиаты Созырыхъо уыдис аргъæуттæ фыссæг. Фыста ирон æмæ уырыссаг æвзагыл. Йæ аргъæутты бындур уыдысты фольклорон мотивтæ. Брытъиайы-фырты аргъæуттæ бирæ хæттыты рацыдысты хицæн чингуытæй ирон, уырыссаг, гуырдзиаг, украинаг æвзæгтыл Ленинграды, Киевы, Дзæуджыхъæуы æмæ æндæр сахарты.

Созырыхъо ирон æвзагмæ раивта А. С. Пушкины («Капитанская дочка» æмæ æнд.) къорд уацмысы, Фадеевы «Разгром» æмæ «Молодая гвардия», Бичер Стоуы «Хижина дяди Тома» æмæ æндæртæ.

Йæ æнтыстджын литературон архайды тыххæй Брытъиаты Созырыхъо хорзæхджынгонд æрцыдис Кады нысаны орденæй.

Амардис фыссæг 1961-æм азы 11 майы.