Годжыцаты Исахъ (райгуырдис 1930-æм азы 15 мартъийы Ортъеуы — амардис 1996-æм азы Дзæуджыхъæуы) уыдис зындгонд ирон артист, Уæрæсейы Федерацийы сгуыхт артист, РЦИ-Аланийы æмæ Абхазы Республикæйы адæмон артист, УФ-йы Станиславскийы номыл паддзахадон премийы лауреат.

Годжыцаты Исахъ
Райгуырды датæ 1930-æм азы 15 мартъийы(1930-03-15)
Райгуырæны бынат
Мæлæты датæ 1996
Мæлæты бынат
Æмбæстонад
Професси актёр
Хорзæхтæ

Цардафыст ивын

Годжыцаты Исахъ райгуырдис Хуссар Ирыстоны Ортъеуы хъæуы. 1956-æм азы скъолайы фæстæ Исахъ ахуыр кæнынмæ бацыдис Мæскуыйы аивадон Академион театры цур Немирович-Данченкойы номыл студийы актерон факультетмæ. Æнтыстджынæй йæ каст фæцис 1961-æм азы, æмæ йæ уыцы аз райстой Хуссар Ирыстоны Хетæгкаты Къостайы номыл драмон театрмæ актёрæй. Цæгат Ирыстоны театры артисттæ-иу уæд арæх цыдысты гастролты Хуссар Ирыстонмæ. 1963-æм азы дæр та иу сæрдыгон бон Цæгат Ирыстоны театры актертæ уазæгуаты уыдысты Цхинвалы. Театры режиссёр Брытъиаты Зариффæ ам фыццаг хатт базонгæ æрыгон курдиатджын актертæ Годжыцаты Исахъ æмæ йæ цардæмбал Дзбойты Зояимæ. Зариффæйы зæрдæмæ тынг фæцыдис сæ дыууæйы хъазт дæр æмæ сын бакой кодта, Цæгат Ирыстонмæ уæ нæ фæнды, зæгъгæ. Уыдон стыр æхсызгонæй сразы сты йæ куырдиатыл, æмæ ма уыцы аз театры коллективыл бафтыдис дыууæ ног курдиатджын актеры. Цæгат Иры аивадуарзджытæ уæд Исахъы фыццаджыдæр базыдтой курдиатджын зарæггæнæгæй. Бирæ йын бауарзтой йæ зарджытæ: «Хæрзбоны зарæг», «Фыййауы зарæг», «Дæ цæстытæ», «Постхæссæджы зарæг» æмæ æндæртæ. Азæй-азмæ рæзт Исахъы курдиат. Режиссёртæ йын йæ бæрны кодтой зындæр æмæ вазыгджындæр ролтæ. Уымæн æмæ сæ зæрдæ дардтой, Исахъæй хуыздæр сæ кæй ничи ахъаздзæн.

Исахъ ирон сценæйыл иттæг дæсны сарæзта бирæ фæлгонцтæ. Адæмы зæрдæмæ уæлдай тынгдæр та фæцыдысты: Хуыгаты Георы «Сæтти æмæ Бæтти»-йы — Бæтти, Хаханты Дудары «Хæмæт æмæ Зæринæ»-йы — Сауи, Плиты Христофоры «Нæ усгур алыгъди»-йы — Локо, Туаты Дауыты «Пæсæйы фæндон»-ы — Мысырхан, Хуыгаты Георы «Æмпъузæнты» — Дафин, Мольеры «Тартюф»-ы — Оргон, Шекспиры «Афинаг Тимон»-ы — Флави, Чеховы «Æртæ хо»-йы — Чубыткин, Горькийы «Царды бын»-ы — Бубнов æмæ бирæ æндæр ролтæ. Æдæппæтæй та ахъазыд фондз æмæ дыууиссæдз ролæй фылдæры.

Исахъ æмхуызон дæсны æмæ арæхстджынæй архайдта аивады æппæт хуызты. Уымæн йæ курдиат ирд æмæ бæлвырдæй разындис киноаивады дæр. Зæрдæмæдзæугæ фæлгонцтæ цы кинонывты сарæзта, уыдонмæ хауынц: «Ах, любовь», «Сюрприз», «Во всем виновата Залина», «Диалог», «Долг», «Мужское самолюбие» æмæ æндæртæ.

Годжыцаты Исахъæн бирæ бантыстис драматургийы дæр. Адæмы зæрдæмæ тынг фæцыдысты йæ фыст драмон уацмыстæ. Уыдонимæ сты: «Æз ус нæ курын», «Хъæддаг чызг», «Уарзон зарæг», «О, ацы фæсивæд», «Сидзæрты мæсыг» æмæ æндæртæ.

Исахъы ном æмæ бирæвæрсыг сфæлдыстад цæмæй адæммæ хæстæгдæрæй фæхæццæ уа, ууыл тынг зæрдиагæй бакуыста æрыгон курдиатджын журналисткæ Дзыныхты Анжелæ. Уый ацы номдзыд актёры тыххæй бацæттæ кодта æмæ мыхуыры рауагъта аив æмæ рæсугъд фæлгонцгонд дыууæ чиныджы — «Фыццаг уарзтау зæрдæйы баззад» æмæ «Годжыцаты Исахъ». Уый тыххæй йын адæм кæнынц стыр арфæтæ.

Литературæ ивын

  • Дзыныхты А. Фыццаг уарзтау зæрдæйы баззад. — Дзæуджыхъæу, 1999.
  • Хадарцева А. С песней в сердце // Северная Осетия. — 1995. — 7 сентября.
  • Черчесты Хъ. Пришел к нам с песней // Рæстдзинад. — 2000. — 15 мартъи.

Æрвитæнтæ ивын