Дымтæ
Дымтæ[2], вариант Дынтæ[3], дыгуронау Дунтæ (уырыс. Дунта) у хъæу Цæгат Ирыстоны Æрæфы районы. Ис Уæллагкомы.
Хъæу | |
Дымтæ | |
---|---|
Дунтæ | |
42°54′04″ с. ш. 43°51′02″ в. д.HGЯO | |
Паддзахад | Уæрæсе |
Федерацийы субъект | Цæгат Ирыстон |
Муниципалон район | Æрæфы район |
Истори æмæ географи | |
Сахатон таг | UTC+3:00 |
Цæрджытæ | |
Цæрджытæ | ↘35[1] адæймаджы (2010) |
Цифрон идентификатортæ | |
Посты индекстæ | 363518 |
|
Истори
ивынДумти гъæу æвæрд æй дууæ километри идарддæр Къæмунти гъæуæй, æ хонсар-хорнигулæн æрдиги, Сонгути æма Харбиати уайгæ дæнттæ кæми фæййеу унцæ, уой уæллæй, æрдæгсакъадахи къулдунбæл. Гъæуæй 1—1,5 километри идарддæр, хорискæсæн æрдиги ес рагон уæлмæрдтæ, уоми ба дорæй даст цуппар обаййи. Уæлдæр ба хонсар-хорискæсæн æрдиги æвæрд адтæй рагон гъæу Ахсиаг. Еци гъæуи рагæй дæр цæрæг нæбал ес, сæ цæрæн хæдзæрттæ нийхалдæнцæ, ами рагон рæстæгути цардæй берæ адæм, фал си ка цардæй, уони ба некебал гъуди кæнуй. Æ цæргутæ раги кæддæр æрлигъдæнцæ Думти гъæумæ. Ахсиаги ма абони дæр æрдæг ихæлдтитæй лæууй муггаги мæсуг, фал, ке мæсуг адтæй, уой дæр неке зонуй. Уæллагкоми зилди цæргутæй сæ еуетæ еци мæсуг нимайунцæ Абисалти муггаги мæсугбæл...
Думти гъæуи рагон цæргути уавæртæ æма æгъдæуттæ адтæнцæ зилди иннæ цæргути хæццæ æнхузæн. Етæ дæр уони хузæн æвзурстонцæ зин цард. Цардæнцæ си берæ адæм, берæ муггæгтæ, фал сæ фулдæртæ фæллигъдæнцæ фæйнæ рæстæги дæргъи æндæр рауæнтæмæ медхонхи дæр, уæдта будури гъæутæ æма горæттæмæ, цæргæ ба ма си абони уалæнгæ байзадæй еугурæй 21 бийнонти (хæдзари).[4]
Мыггæгтæ
ивынXIX æноси райдайæнæй фæстæмæ Думти гъæуи адтæй муггæгтæ: Абисалтæ, Байсонгъуртæ, Гизиктæ, Гокъотæ, Кудзойтæ, Къосиратæ, Тедтойтæ, Тобойтæ, Синдиртæ, Хъибизтæ, Хъулатæ, Цæгæратæ, Цомартатæ æма Чекойтæ, уæдта Гизойтæ æма Вагагтæ.[4][5]
Фиппаинæгтæ
ивын- ↑ Том 1. Численность и размещение населения. Таблица 10
- ↑ Цагъаты Анастасия. Цæгат Ирыстоны топоними. II-æм хай. Дзæуджыхъæу, 1975.
- ↑ Цагъаты Анастасия. Цæгат Ирыстоны топоними. 1971
- ↑ 4,0 4,1 Гецати Афæхъо. Дигори коми муггæгти равзурд. — Дзæуæгигъæу: Алания, 1999. — Ф. 342—343.
- ↑ Гаглойты Зинæ. Ирон мыггæгтæ: Дзæуджыхъæу: Ир, 2005, 242 ф.
Æрвитæнтæ
ивын- Дымтæ. Фæрдгуытæ (23.10.2018 )
- Дымтæ I Фæрдгуытæ (11.01.2021)