Зар
Зар (гуырдз. ძარი — [дзари]) у хъæу Хуссар Ирыстоны Цхинвалы районы. Æрбынат кодта Цхинвалæй цæгат-ныгуылæнырдыгæй 8 километры æддæдæр æмæ баст у сахаримæ автофæндаджы фæрцы. Хъæу дихгонд у фæндагæй дæууæ хайыл. Хæстæгдæр хъæутæ сты: ныгуылæнырдыгæй — Рустау, хуссарырдыгæй — Додот, хуссар-скæсæнырдыгæй — Дампъалет.
Хъæу | |
Зар | |
---|---|
42°17′05″ с. ш. 43°52′32″ в. д.HGЯO | |
Паддзахад | Хуссар Ирыстон |
Район | Цхинвалы район |
Истори æмæ географи | |
Центры бæрзæнд | 1240 м |
Сахатон таг | UTC+3:00 |
Цæрджытæ | |
Цæрджытæ | 178[1] адæймаджы (2015) |
Автомобилон код | RSO |
|
1992-æм азы 20 майы æрцыдис, историйы Зары трагедийæ чи баззад, уыцы трагикон цау — гуырдзиаг фыдгæнджытæ фехстой, Зары фæндагыл автобусыл чи цыди, уыцы ирон лигъдæтты. Фæмардысты 36 адæймаджы, уыдонимæ сывæллæттæ, сылгоймæгтæ æмæ ацæргæ адæм.
Мыггæгтæ
ивынЦардысты дзы Бикойтæ, Цыбыртæ, Цыхуырбатæ, Харебатæ, Уанетæ, Хъоцытæ, Тедетæ, Хъуылымбегтæ, Гæззатæ, Чилæхсатæ, Къæбыстæ, Дзабитæ, Абайтæ, Тъехтæ.[2]
Фиппаинæгтæ
ивын- ↑ 2015-æм азы Хуссар Ирыстоны цæрджыты сфыст
- ↑ Гаглойты З. Д. Ирон мыггæгтæ. — 2-аг баххæстгонд рауагъд. — Цхинвал: «Республика», 2017. — 372 с.
Топографион картæ
ивын- Картæйы сыф K-38-64 Цхинвал. Масштаб: 1 : 100 000. Раны æууæл 1987-æм азы. Рауагъд 1989-æм азы.