Инди
И́нди (хинди भारत — Bhārat, англ. India), официалон ном у Индийы Республикæ (хинди भारत गणराज्य — Bhārat Gaṇarājya, англ. Republic of India). У стыр паддзахад Хуссар Азийы, Индостаны æрдæгсакъадахыл. Бирæ азты дæргъы Инди уыди Стыр Британийы колони (Бангладеш æмæ Пакистанимæ иумæ), фæлæ 1947-æм азы райста хæдбардзинад.
Индийы Республикæ | |||||
---|---|---|---|---|---|
भारत गणराज्य Bhārat Gaṇarājya | |||||
| |||||
Индийы паддзахадон гимн | |||||
Официалон æвзæгтæ | хинди, англисаг æмæ æмæ 21 иннæ æвзаджы | ||||
Сæйраг сахар | Нью-Дели | ||||
Стырдæр сахартæ | Мумбаи, Дели, Бангалор, Ченнаи, Калькуттæ | ||||
Хицауиуæджы хуыз | Республикæ | ||||
Президент | Драупади Мурму | ||||
Вице-президент | Джагдип Дханкхар | ||||
Премьер-министр | Нарендрæ Моди | ||||
Территори | |||||
• Æдæппæт | 3 287 590 км² | ||||
• Доны уæлцъары % | 9,5 | ||||
Цæрджытæ | |||||
• Бахыгъд (2023) | 1 428 627 663 ад. | ||||
• Сфыст (2011) | 1 210 854 977 ад. | ||||
• Æнгомад | 426,9 ад./км² | ||||
ÆМП | |||||
• Æдæппæт (2006) | 4 042 000 млн. долл. | ||||
Валютæ | Индийы рупи[d] | ||||
Интернет-домен | .in | ||||
Код ISO | IN | ||||
ÆОК-ы код | IND | ||||
Телефонон код | +91 | ||||
Сахатон таг | +5:30 | ||||
Викикъæбицы медиа |
Йæ сæйраг сахар у Нью-Дели.
Йæ фæзуатмæ гæсгæ Инди у дунейы 7-æм паддзахад, цæрджыты нымæцмæ гæсгæ та — дыккæгæм. Индийы арæнтæ Китай æмæ Пакистанимæ бирæ рæтты сты дзырддаг.
Истори
ивынАрхеологи куыд æвдисы, Индийы фыццаг сахартæ фæзындысты нæ эрæйы агъоммæ 3-æм миназы, уый уыд дунейы рагондæр цивилизацитæй иу.
Бæстæ баиу кæнын фыццаг хатт бафтыдис Ашокæйы къухы (нæ эрæйы агъоммæ æртыккæгæм æнусы). Фæлæ йæ историйы фылдæр хай Инди уыд бирæ паддзахæдтыл дихгонд.
Нæ эрæйы агъоммæ 334-æм азы Александр Македойнаг бабырста Индимæ, фæуæлахиз пенджабаг паддзах Порыл æмæ Пенджабы стыр хай йæхи бакодта.
Нæ эрæйы IV—V æнусты Гуптæты династи баиу кодта Цæгат Индийы фылдæр хай. Ацы дуг зындгонд у куыд Индийы сыгъзæрин дуг, райрæзти зонад æмæ индуизмы культурæ. Уыцы империйæн йæ кæрон сæвæрдтой гуннтæ, бабырстой Астæуккаг Азийæ æмæ уый фæстæ бæстæ ногæй бирæ чысыл паддзахæдтыл ныддих ис.
XII—XIII æнусты Индимæ бырстой пысылмон адæмтæ — арабб, тюркæгтæ æмæ афгъайнæгтæ. XIII æнусы фæзынди Делийы султанат[1]. Уыцы паддзахад стыр фæд ныууагъта Индийы историйы, фæлæ йæ ныддæрæн кодта Тимуры æфсад 1398-æм азы.
Тимуры байзæддæгтæй иу — Тимуридты Бабур — 1526-æм азы бацыдис Индимæ æмæ дзы сæвæрдта, 200 азæй фылдæр чи адарддæр кодта, уыцы Стыр Моголты импери. Могойлаг æлдариуæггæнджытæй зынгæдæр уыдис йæ династийы æртыккаг падишах Стыр Акбар (1542–1605). 1739-æм азы Надир Сахы къухы бафтыдис моголты æфсад ныппырх кæнын, уый бацыдис Делимæ æмæ хъæздыг сахар бастыгъта, байста зындгонд Мæлхъы трон дæр.
Васко да Гама Индимæ денджызон фæндаг куы ссардта, уæдæй фæстæмæ европæйаг паддзахæдтæ Индийы былгæрон райдыдтой аразын колонитæ — сæ фыццаг уыдысты португайлæгтæ (Гоæ, Дамане, Диу æмæ Бомбей), фæстæдæр æрбацыдысты францæгтæ (Пондишери æмæ Чандернагор), нидерландæгтæ æмæ англис.
1857-æм азы сипайты сыстад ныддæрæны фæстæ англисæгтæ моголты фæстаг падишахы арвыстой ахасты Бирмæмæ. Ост-Индийы компанийы бæсты Индийы колониты райдыдта комкоммæ бритайнаг æлдариуæг, ныры Индийы зæххытæй иуæй-иу гæппæлтæ уыдысты Британийы вассалтæ.
1915-æм азы хæдбардзинадыл чи тох кодта, уыцы змæлды сæргъы слæууыд Махатмæ Ганди.
1947-æм азæй Инди у хæдбар паддзахад, дунейы стырдæр æмæ хъомысджындæртæй иу. 1974-æм азæй ис ын аппон хæцæнгæрзтæ дæр[2].
2014-æм азæй хицауиуæг кæны Бхаратия джаната парти (283 бынаты парламенты) æмæ йæ раздзог Нарендрæ Моди.
Æвзæгтæ
ивынИндийы цæрджытæ дзурынц 30 алыхуызон æвзагыл. Уыцы æвзæгтæн та ис 2 мин диалекты бæрц. Индийы конституцийы у фыст, хинди æмæ англисаг æвзæгтæ кæй сты национ хицауады æвзæгтæ, ома Индийы паддзахадон æвзæгтæ. Уыдон йеддæмæ ис 22 æвзаджы (scheduled languages), кæмæй пайда кæнынц хицæн штатты хицауæдтæ сæ административон нысантæн.
Цæрджыты 74% дзурынц индоариаг къорды æвзæгтыл, 24% та — дравидаг къорды æвзæгтыл. Хинди (æд диалекттæ) у бæстæйы стырдæр æвзаг, дзурынц ыл 422 милуан адæймагæй фылдæр, омæ цæрджыты 41%.
Индийы цæрджытæй æрмæст 53% зонынц кæсын æмæ фыссын.
Цæрджытæ
ивынЦæрджыты нымæцы статистикæ 1960 азæй 2020 азы онг | ||||||||||||||||||||||||||||||||||||||||||||||||||||||||||||||||||||||||||||||||||||||||||||||||||||||||||||||||||||||||||||||||||||||||||||||||||||||||||||||||||||||||||||||||||||||||||||||||
---|---|---|---|---|---|---|---|---|---|---|---|---|---|---|---|---|---|---|---|---|---|---|---|---|---|---|---|---|---|---|---|---|---|---|---|---|---|---|---|---|---|---|---|---|---|---|---|---|---|---|---|---|---|---|---|---|---|---|---|---|---|---|---|---|---|---|---|---|---|---|---|---|---|---|---|---|---|---|---|---|---|---|---|---|---|---|---|---|---|---|---|---|---|---|---|---|---|---|---|---|---|---|---|---|---|---|---|---|---|---|---|---|---|---|---|---|---|---|---|---|---|---|---|---|---|---|---|---|---|---|---|---|---|---|---|---|---|---|---|---|---|---|---|---|---|---|---|---|---|---|---|---|---|---|---|---|---|---|---|---|---|---|---|---|---|---|---|---|---|---|---|---|---|---|---|---|---|---|---|---|---|---|---|---|---|---|---|---|---|---|---|---|
|
Ахсджиаг сахартæ
ивынИндийы цыппар стырдæр сахары сты Нью-Дели, Мумбаи, Калькуттæ æмæ Ченнай. Иуæй-иу сахартæн ис культурон ахадындзинад — зæгъæм Амритсар (3,9 млн цæрæджы) у сикхаг дины артдзæст.
Фиппаинæгтæ
ивын- ↑ Archive copy(недоступная ссылка). Датæ: 2021-æм азы 26 декабры. Архив 2010-æм азы 12 июны.
- ↑ https://www.nti.org/e_research/profiles/India/index.html
- ↑ 3,00 3,01 3,02 3,03 3,04 3,05 3,06 3,07 3,08 3,09 3,10 3,11 3,12 3,13 3,14 3,15 3,16 3,17 3,18 3,19 3,20 3,21 3,22 3,23 3,24 3,25 3,26 3,27 3,28 3,29 3,30 3,31 3,32 3,33 3,34 3,35 3,36 3,37 3,38 3,39 3,40 3,41 3,42 3,43 3,44 3,45 3,46 3,47 3,48 3,49 3,50 3,51 3,52 3,53 Æппæтдунеон банчы бæрæггæнæнты базæ — Æппæтдунеон банк.
- ↑ 4,0 4,1 4,2 4,3 Департамент по экономическим и социальным вопросам ООН World Population Prospects: The 2017 Revision — 2017 — Департамент по экономическим и социальным вопросам ООН, 2017.
- ↑ https://www.indiastat.com/popclockflash.aspx
- ↑ Central Intelligence Agency, Center N. F. A. Country Comparison :: Population (англ.) — Washington, D.C.: Central Intelligence Agency, U.S. Government Printing Office, 1981. — ISSN 0277-1527; 1553-8133