Сталин, Иосиф Виссарионы фырт
Сталин Виссарионы фырт Иосиф (æцæг мыггаг у Джугашвили) — советон паддзахадон æмæ политикон архайæг, большевикты партийы æмæ советон хицауады сæргълæууæг, Советон Цæдисы Хъæбатыр, Социалистон Фæллойы Хъæбатыр, генералиссимус. Æцæгæй, 1920-ты кæронæй æмæ йæ амæлæты бонмæ уыдис иунæгон æлдариуæггæнæг. Сталин райгуырдис 1879 азы 21 декабры Гуры сахары (Гуырдзыстон) æмæ амардис 1953 азы 5 мартъийы Мæскуыйы.
Сталин æгас ма куы уыди, уæд йæ ном радтой цалдæр сахарæн, уыдонимæ Сталинградæн дæр. Сталины ном цалдæр азы дæргъы хаста Цхинвал дæр (Сталинир, уæды хуссайраг фыссынады — სტალინირი [стъалинири]).
Йæ райгуырæн сахар Гуры ныр дæр ис Сталины дынджыр музей.
Иосиф Сталин амардис 1953-æм азы 5 мартъийы, йæ магъзмæ туг ракалдис, æмæ уый тыххæй. Сталины мæлæты фæстæ ног партион раздзог сси Никитæ Хрущёв. Уый рафаудта Сталины культ.
Рагбонтæ
ивынСталины фыдæлтæ зæхкусджытæй уыдысты. Иуæй-иу ахуыргæндты ныхæстæм гæсгæ, йæ фыд Виссарион уыд ирон[кæцæй ист у?], йæ мад Екатеринæ та гуырдзиаг, фæлæ бæлвырд у, цард-цæрæнбонты уый йæхи хуыдта гуырдзиаг æмæ дзырдта æрмæстдæр гуырдзиагау кæй схъомыл кодта.
Виссариаон амардис, йæ фыртыл 11 азы куы цыдис, уæд — куыд фæзæгъынц, расыг быцæуы рæстæг йæ ныллыгтæ кодтой кардæй[9].
1886-æм азы Иосифы мад Екатеринæ афæлвæрдта йæ фырты Гуры рæстуырнæг дины ахуырдонмæ бацæуын кæнын, фæлæ йæ фæндон нæ фæрæстмæ уый тыххæй æмæ лæппу уырыссагау нæ зыдта. Уыцы азæй, йæ мады курдиатмæ гæсгæ, сауджын Христофор Чарквианийы сывæллæттæ амыдтой уырыссаг æвзаг Иосифæн. Уый фæстæ 1888-æм азы йæ къухы бафтыд училищейы дыккаг цæттæгæнæн къласмæ бацæуын, ацы ахуырдон каст фæцис 1894-æм азы.
1894-æм азы Иосиф æнтыстджынæй радта бацæуæн фæлварæнтæ æмæ ахуыр кæнын райдыдта Тифлисы дины семинары. 15-аздзыдæй семинары базыдта марксизмы тыххæй æмæ базонгæ и Фæскавказы сусæг революционерты цардимæ. 1898-æм азæй Джугашвили пропагандисты куыст кодта, разамынд лæвæрдта æфсæнвæндаджы кусджыты къордæн[10]. Уыцы иу азы августы бацыдис социал-демократон организаци «Месаме-даси» («Æртыккаг къорд») скондмæ.
1899-æм азы Джугашвилийы ацæуын кодтой семинарæй, радтой ын райдиан кълæсты ахуыргæнæджы æвдисæндар.
Æвзаг
ивынГурйы иу схъомыл, уый мадӕлон ӕвзаг гуырдзиаг уыди, æмæ скъола Тбилисы семинарийы уырыссаг æвзаг сахуыр кодта. Гыццыл иронау зыдта, иухатт Токаты Гогкимӕ куы загъта:
Æддаг æрмæг
ивын- Собрание сочинений И. В. Сталина Архивгонд æрцыдис 8 мартъийы 2013 азы.
- История сталинских репрессий Архивгонд æрцыдис 28 октябры 2006 азы.
- Истоки, причина и сущность культа личности Сталина
- Сталин (Особое мнение Э. С. Радзинского)
- Светлана Аллилуева — Двадцать писем другу в Библиотеке Мошкова
- Стихи И. В. Сталина(æнæбаххæсгæ æрвитæн)
- 60 лет без Сталина Архивгонд æрцыдис 6 мартъийы 2013 азы.
Фиппаинæгтæ
ивын- ↑ Jossif Stalin // Брокгаузы энциклопеди (нем.)
- ↑ Josif Stalin // Gran Enciclopèdia Catalana (кат.) — Grup Enciclopèdia, 1968.
- ↑ 3,0 3,1 Сталин Иосиф Виссарионович // Большая советская энциклопедия (уырыс.): [в 30 т.] / под ред. А. М. Прохорова — 3-е изд. — Москва: Советская энциклопедия, 1969.
- ↑ http://news.bbc.co.uk/1/hi/world/europe/10412097.stm
- ↑ Joseph Stalin // Encyclopædia Britannica (англ.)
- ↑ http://www.ducksters.com/biography/joseph_stalin.php
- ↑ Stalin <Familie> // 20th Century Press Archives — 1908.
- ↑ 8,0 8,1 Большая советская энциклопедия (уырыс.): [в 30 т.] / под ред. А. М. Прохорова — 3-е изд. — Москва: Советская энциклопедия, 1969.
- ↑ Аллилуева С. Двадцать писем к другу. N.Y.: Harper & Row, 1967. P. 145
- ↑ http://books.google.com/books?id=uKzx-htVB0YC&pg=PA130
- ↑ Токаты Гогки: «Мæнæн мæ райгуырæн бæстæ Ирыстон у, уым мæ ныййардта мæ мад»: ironau_ru — LiveJournal
- ↑ Тайна «шпиона». Официальный сайт Администрации Президента Республика Южная Осетия (south-ossetia.info)