Пловдив
Пло́вдив (болг. Пловдив) у Болгарийы хуссары сахар, Пловдивы облæст административон центр. Æрбынат кодта Уæллаг Фракиаг дæлвæзы, цæугæдон Марицæйы фæйнæфарс. У æфсæнвæндæгты æлхынцъ. Сахарыл цæуынц ахсджиаг автофæндæгтæ.
Сахар | |||||
Пловдив | |||||
---|---|---|---|---|---|
болг. Пловдив | |||||
|
|||||
42°09′00″ с. ш. 24°45′00″ в. д.HGЯO | |||||
Паддзахад | Болгари | ||||
Облæст | Пловдивы облæст | ||||
Хъæубæстæ | Пловдив | ||||
Истори æмæ географи | |||||
Раздæры нæмттæ | Филиппополь, Тримонтиум | ||||
Фæзуат | 110 км² | ||||
Центры бæрзæнд | 164 м | ||||
Сахатон таг | UTC+2:00, сæрды UTC+3:00 | ||||
Цæрджытæ | |||||
Цæрджытæ |
|
||||
Национ сконд |
болгайрæгтæ, туркæгтæ, бердзенæгтæ, цигайнæгтæ |
||||
Цифрон идентификатортæ | |||||
Телефонон код | +359 32 | ||||
Посты индекс | 4000 | ||||
Автомобилон код | PB | ||||
plovdiv.bg | |||||
|
|||||
Викикъæбицы медиа |
Цæрджыты нымæц — 377 754 (2009-æм азы февралы)[2].
Истори
ивынПловдив у Европæйы рагондæр сахартæй иу, уыцы ран фыццаг цæрæнрæттæ фæзындысты 6 мин азы амæй размæ (ома у Ром æмæ Афинæтæй рагондæр). Сахары фыццаг ном уыд фракиаг — Эумолпиадæ (Эумолпиас).
Нæ эрæйы агъоммæ 342-æм азы сахар байста паддзах Македойнаг Филиппы æфсад, паддзах æй схуыдта Филипполис. Фæстæдæр сахар бацыд Ромы империйы скондмæ, кæцыйы уыд Фракийы провинцийы сæйраг сахар æмæ хуынди Тримонтиум (ома, «Æртæ хохы сахар»). Уымæн æвдисæн сты уыцы рæстæджы амаддзæгты бирæнымæцон хæлддзæгтæ.
VI æнусы Пловдив славянаг знæмты дæлбар фæци æмæ 815-æм азы бацыд Фыццаг Болгайраг паддзахады скондмæ. Уыцы афон сахар хуынди Пылдин. Фæстæдæр сахары æлдариуæг кодтой куы болгайраг, куы та византиаг хицæуттæ. 1364-æм азы та йæ байста Оттоманы импери.
Туркаг дæлбариуæг уæвгæйæ сахар (турк ын радтой ног ном — Фелибе, македойнаг паддзах Филиппы номæй) сси базарады артдзæст. Ам рапарахат болгайраг ныхмæлæуд дæр. 1878-æм азы азы Пловдив сси æрдæгхæдбар провинци Скæсæйнаг Румелийы сæйраг сахар, цалынмæ уыцы бæстæ 1885-æм азы Болгарийы скондмæ нæ бæци растады фæстиуæгæн, уæдмæ. Уыцы цау Болгарийы историографимæ бацыдис куыд Баиугæнд (болг. Съединение).
Экономикæ
ивынПловдив у Софияйы фæстæ бæстæйы дыккаг стырдæр индустрион æмæ культурон центр. Лæууы ахсджиаг хъæууонхæдзарадон районы астæу. Хойраджы индустри, рог индустри, машинæаразынад, химион индустри æмæ хуызджын згъæркуыст сты экономикæйы сæйраг къабæзтæ.
Культурæ æмæ фенддæгтæ
ивынПловдив у Балкайнаг æрдæгсакъадахы рæсугъддæр æмæ цымыдисагдæр сахартæй иу, Болгарийы «культурондæр сахар»[3]. 200 бæстыхайæ фылдæр сты ЮНЕСКО-йæ хъахъхъæд историон объекттæ.
Рагзаманæй Пловдивы баззадысты ромаг форум, стадион, театр, базиликæ, термæтæ, æхсæнадон æмæ цæрæн амаддзæгтæ. Ныртæккæ рагон театр у реставрацигонд æмæ дзы арæзт цæуынц алыхуызон равдыстытæ.
Рагон сахары алфамбылай баззад фракиаг æмбонд. Æмбонды фæле — рагон сахары нарæг уынгтæ, XV—XIX æнусты агъуыстытæ æд хъæдын нывæфтыдтæ.
Туркаг æлдариуæджы заманæй баззадысты дыууæ мæзджыты — «Имарет» æмæ «Джумая», стæй Европæйы рагондæр сахаты мæсгуытæй иу (XVI æнус).
Сахары историимæ базонгæ уæвæн ис цалдæр бынæттон музейы, уыдонæй раппалинаг сты, 1917-æм азы кусын чи райдыдта, уыцы Этнографион музей, стæй Археологион музей (кусы 1882-æм азæй фæстæмæ).
Уæрæсейы зындгонд у, 1954-æм азы Пловдивы Бунарджичы обауыл кæй сæвæрдтой æмæ йæ бæрзæнд 11 метры кæмæн у, уыцы монумент «Алёшæ». Монумент сæвæрдтой, Дыккаг дунеон хæсты рæстæг Болгарийы чи фæмарди, уыцы советон салдæтты кадæн. Монумент Константин Ваншенкинæн радта зарæг ныффысыны идейæ — уымæй фæзынди уыцы хæсты тыххæй уырыссаг æвзагыл популярондæр зарджытæй иу — «Алёшæ» (уырыссагау). Зарæджы фæстаг рæнхъытæ сты ахæм: «Хохы сæр лæууы Алёшæ, Болгарийы уырыссаг салдат». 1989-æм азы онг уыцы зарæг уыд Пловдивы гимн, ныр дæр бынæттон хистæр цæрджытæй бирæтæ йæ зонынц.
Ахуырад
ивынСахары зынгæдæр ахуырдæттæ сты Пловдивы университет, Хъæууонхæдзарадон университет, Медицинон университет, Музыкæ, кафт æмæ аивæдты академи æмæ æндæртæ
Спорт
ивынПловдив у болгайраг футболы ахсджиаг артдзæст, хъазынц дзы цыппар профессионалон клубы — «Ботев» (1912-æм азæй), «Марицæ» (1921), «Локомотив» (1936) æмæ «Спартак» (1947).
Боксæй æхсæнадæмон турнир «Странджæ»-мæ 1949-æм азæй фæстæмæ æрвылаз æрбацæуынц боксёртæ бирæ бæстæтæй. 2007-æм азы турниры архайдтой 96 спортсмены 20 бæстæйæ.
Пловдивы сахаргæрон æрбынат кодта бæхты спорты клуб «Аркан» æмæ бæхы спорты базæ «Хан Крум».
Транспорт
ивынСахарæй 12 км хуссар-скæсæнырдæм, Асеновградмæ фæндаджы цур æрбынат кодта Пловдивы æхсæнадæмон аэропорт. У бæстæйы цыппæрæм ахсджиагдæр аэропорт.
Бæстыхъæд
ивынМæй | Янв | Фев | Мар | Апр | Май | Июнь | Июль | Авг | Сен | Окт | Ноя | Дек | Афæдз |
---|---|---|---|---|---|---|---|---|---|---|---|---|---|
Рæстæмбис максималон боны температурæ (°C) |
5 | 8 | 12 | 18 | 24 | 28 | 31 | 30 | 26 | 20 | 11 | 7 | 18,33 |
Рæстæмбис минималон (°C) | -3 | -2 | 2 | 6 | 11 | 15 | 17 | 16 | 13 | 8 | 2 | -1 | 7 |
Дæлдзырæттæ (мм) | 30,2 | 39,1 | 58,4 | 52,1 | 71,1 | 47,2 | 37,3 | 34,8 | 17,8 | 32,3 | 52,1 | 51,8 | 524,2 |
Ратæдзæн: MSN Weather Архивгонд æрцыдис 15 майы 2008 азы. |
Æфсымæрон сахартæ
ивынПловдивæн ис æфсымæрон ахастытæ 21 сахаримæ[4][5]:
|
|
Фиппаинæгтæ
ивын- ↑ https://grao.bg/tna/t41nm-15-06-2024_2.txt
- ↑ Актуална таблица по постоянен и настоящ адрес (по области и общини) (болг.)
- ↑ 2008 азы конкурсы фæстиуæгмæ гæсгæ (болг.)
- ↑ http://www.namrb.org/filesystem.php?id=12
- ↑ Archive copy(недоступная ссылка). Датæ: 2009-æм азы 14 февралы. Архив 2007-æм азы 26 сентябры.
Æддаг æрмæг
ивын- Пловдивы гид (англ.)