Мыкалгабыртæ, дыгур. Микалгабуртæирон мифологийы у хорарæх æмæ бæркады, фарны бардуаг.

Кувæндæттæ ивын

Раздæр ирон адæммæ тынг парахатгонд уыдис бæрæгбон Мыкалгабыр. Цæгат Ирыстоны йæ номыл кувæндон ис Къасарагомы, Хуссар Ирыстоны та Къобеты æмæ Къусджыты хъæуты. Хуссар Ирыстоны Мыкалгабыры стырбон арæзтой Куадзæнæй дыууæ къуырийы фæстæдæр, Уæлладжыргомы та — сентябры æмбисы. Мыкалгабыр ирон адæммæ афтæ кадджын уыдис, æмæ-иу бирæ хатт афæдзы мидæг дыууæ-æртæ хатты скодтой куывдтæ йæ номыл. Нывондæн æргæвстой гал. Уæлладжыры комы Уыналы хъæумæ ’ввахс йæ номыл цы кувæндон ис, уый Галты дзуар дæр, æвæццæгæн, уымæн хонынц. Раджы кæддæр-иу алы хæдзар дæр æргæвста гал. Мыкалгабыры кувæндоны-иу ирон адæм ард хордтой, туджджынты-иу фидауын кодтой.[1]

Кæс ноджы ивын

Фиппаинæгтæ ивын

  1. Цыбырты Л. Ирон адæмон бæрæгбонтæ. — Дзæуджыхъæу: Аланыстон, 1998 — 256 ф.