Сталин, Иосиф Виссарионы фырт

(Сталин Иосиф-æй æрвыст)

Сталин Виссарионы фырт Иосиф (æцæг мыггаг у Джугашвили) — советон паддзахадон æмæ политикон архайæг, большевикты партийы æмæ советон хицауады сæргълæууæг, Советон Цæдисы Хъæбатыр, Социалистон Фæллойы Хъæбатыр, генералиссимус. Æцæгæй, 1920-ты кæронæй æмæ йæ амæлæты бонмæ уыдис иунæгон æлдариуæггæнæг. Сталин райгуырдис 1879 азы 21 декабры Гуры сахары (Гуырдзыстон) æмæ амардис 1953 азы 5 мартъийы Мæскуыйы.

Сталин Виссарионы фырт Иосиф
гуырдз. იოსებ ბესარიონის ძე ჯუღაშვილი
уырыс. Иосиф Виссарионович Джугашвили
1941-æм азы 6 майы — 1946-æм азы 15 мартъийы
Раздæр чи уыд Вячеслав Молотов[d]
1946-æм азы 15 мартъийы — 1953-æм азы 5 мартъийы
Фæстæдæр Георгий Маленков[d]
1938-æм азы 17 январы — бæрæг нæу
1941-æм азы 19 июлы — 1946-æм азы 25 февралы
Раздæр чи уыд Семён Константины фырт Тимошенко[d]
Фæстæдæр Николай Александрович Булганин[d]
1938-æм азы 12 январы — 1946-æм азы 11 мартъийы
1946-æм азы 12 мартъийы — 1950-æм азы 11 июны
1950-æм азы 12 июны — 1953-æм азы 5 мартъийы
1922-æм азы 3 апрелы — 1952-æм азы 16 октябры
Раздæр чи уыд Вячеслав Молотов[d]
Фæстæдæр Никитæ Хрущёв[d]
1922-æм азы 3 апрелы — 1953-æм азы 5 мартъийы
10 (23) октябры 1917 — 23 октябры (5 ноябры) 1917
29 ноябры (12 декабры) 1917 — 1919-æм азы 25 мартъийы
1919-æм азы 25 мартъийы — 1953-æм азы 5 мартъийы
1938-æм азы 15 июлы — 1947-æм азы 19 июны
1947-æм азы 20 июны — 1951-æм азы 12 апрелы
1951-æм азы 13 апрелы — 1953-æм азы 5 мартъийы
Райгуырдис 1878-æм азы 18 декабры(1878-12-18)[1][2][…]
Амардис 1953-æм азы 5 мартъийы(1953-03-05)[3][5][…] (74 азы)
Ныгæныны бынат
Мыггаг Сталины мыггаг[d][7]
Гуырæн ном гуырдз. იოსებ ბესარიონის ძე ჯუღაშვილი
Фыд Виссарион Джугашвили
Мад Екатеринæ (Кеке) Геладзе[d]
Æмкъай Екатеринæ Сванидзе[d] æмæ Надеждæ Аллилуева[d]
Сывæллæттæ Яков Иосифович Джугашвили[d], Константин Степанович Кузаков[d], Иосиф Сталины æнæном сывæллон[d], Александр Яковлевич Давыдов[d], Василий Иосифович Сталин[d], Артём Фёдорович Сергеев[d] æмæ Светланæ Аллилуева[d]
Парти
Ахуырад
Архайд революционер[d], политик[d] æмæ публицист[d]
Дин атеизм[d]
Къухæрфыст Изображение автографа
Хорзæхтæ
Хуындад Советон Цæдисы маршæл[d][8] æмæ Советон Цæдисы генералиссимус[d][8]
Командæ кодта Революционный военный совет[d], Цæгат Кавказы æфсæддон зылд[d], Хуссар фронт[d], Государственный комитет обороны[d], Сырх Æфсад[d] æмæ Ставка Верховного Главнокомандования[d]
Тохтæ
Кæм куыста
ВикиКъæбицы логотип Викикъæбицы медиа

Сталин æгас ма куы уыди, уæд йæ ном радтой цалдæр сахарæн, уыдонимæ Сталинградæн дæр. Сталины ном цалдæр азы дæргъы хаста Цхинвал дæр (Сталинир, уæды хуссайраг фыссынады — სტალინირი [стъалинири]).

Йæ райгуырæн сахар Гуры ныр дæр ис Сталины дынджыр музей.

Иосиф Сталин амардис 1953-æм азы 5 мартъийы, йæ магъзмæ туг ракалдис, æмæ уый тыххæй. Сталины мæлæты фæстæ ног партион раздзог сси Никитæ Хрущёв. Уый рафаудта Сталины культ.

Рагбонтæ

ивын

Сталины фыдæлтæ зæхкусджытæй уыдысты. Иуæй-иу ахуыргæндты ныхæстæм гæсгæ, йæ фыд Виссарион уыд ирон[кæцæй ист у?], йæ мад Екатеринæ та гуырдзиаг, фæлæ бæлвырд у, цард-цæрæнбонты уый йæхи хуыдта гуырдзиаг æмæ дзырдта æрмæстдæр гуырдзиагау кæй схъомыл кодта.

Виссариаон амардис, йæ фыртыл 11 азы куы цыдис, уæд — куыд фæзæгъынц, расыг быцæуы рæстæг йæ ныллыгтæ кодтой кардæй[9].

1886-æм азы Иосифы мад Екатеринæ афæлвæрдта йæ фырты Гуры рæстуырнæг дины ахуырдонмæ бацæуын кæнын, фæлæ йæ фæндон нæ фæрæстмæ уый тыххæй æмæ лæппу уырыссагау нæ зыдта. Уыцы азæй, йæ мады курдиатмæ гæсгæ, сауджын Христофор Чарквианийы сывæллæттæ амыдтой уырыссаг æвзаг Иосифæн. Уый фæстæ 1888-æм азы йæ къухы бафтыд училищейы дыккаг цæттæгæнæн къласмæ бацæуын, ацы ахуырдон каст фæцис 1894-æм азы.

1894-æм азы Иосиф æнтыстджынæй радта бацæуæн фæлварæнтæ æмæ ахуыр кæнын райдыдта Тифлисы дины семинары. 15-аздзыдæй семинары базыдта марксизмы тыххæй æмæ базонгæ и Фæскавказы сусæг революционерты цардимæ. 1898-æм азæй Джугашвили пропагандисты куыст кодта, разамынд лæвæрдта æфсæнвæндаджы кусджыты къордæн[10]. Уыцы иу азы августы бацыдис социал-демократон организаци «Месаме-даси» («Æртыккаг къорд») скондмæ.

1899-æм азы Джугашвилийы ацæуын кодтой семинарæй, радтой ын райдиан кълæсты ахуыргæнæджы æвдисæндар.

Æвзаг

ивын

Гурйы иу схъомыл, уый мадӕлон ӕвзаг гуырдзиаг уыди, æмæ скъола Тбилисы семинарийы уырыссаг æвзаг сахуыр кодта. Гыццыл иронау зыдта, иухатт Токаты Гогкимӕ куы загъта:

«Иронау ма зоныс, Токайы фырт?»[11][12]

 
Сталины цырт Куырттаты комы

Æддаг æрмæг

ивын

Фиппаинæгтæ

ивын
  1. Jossif Stalin // Брокгаузы энциклопеди (нем.)
  2. Josif Stalin // Gran Enciclopèdia Catalana (кат.)Grup Enciclopèdia, 1968.
  3. 3,0 3,1 Сталин Иосиф Виссарионович // Большая советская энциклопедия (уырыс.): [в 30 т.] / под ред. А. М. Прохорова — 3-е изд. — Москва: Советская энциклопедия, 1969.
  4. http://news.bbc.co.uk/1/hi/world/europe/10412097.stm
  5. Joseph Stalin // Encyclopædia Britannica (англ.)
  6. http://www.ducksters.com/biography/joseph_stalin.php
  7. Stalin <Familie> // 20th Century Press Archives — 1908.
  8. 8,0 8,1 Большая советская энциклопедия (уырыс.): [в 30 т.] / под ред. А. М. Прохорова — 3-е изд. — Москва: Советская энциклопедия, 1969.
  9. Аллилуева С. Двадцать писем к другу. N.Y.: Harper & Row, 1967. P. 145
  10. http://books.google.com/books?id=uKzx-htVB0YC&pg=PA130
  11. Токаты Гогки: «Мæнæн мæ райгуырæн бæстæ Ирыстон у, уым мæ ныййардта мæ мад»: ironau_ru — LiveJournal
  12. Тайна «шпиона». Официальный сайт Администрации Президента Республика Южная Осетия (south-ossetia.info)