Тотратæ
(Тотыратæ-æй æрвыст)
- Хъæуы тыххæй кæс Тотыратæ (хъæу).
Тотратæ кæнæ Тотыратæ (уырыс. Тотровы) сты ирон мыггаг. Цардысты Урстуалты, Ходз æмæ Къабузты хъæуы (ис дзы Тотраты мæсыг).[1]
Равзæрд
ивынТаурæгъмæ гæсгæ, Мамысонгомы Тибы хъæуы царди æртæ æфсымæры: Бага, Джерга æмæ Гамахар. Тибмæ æрбафтыдысты Уæлладжыры комы Цъамады хъæуæй. Тибæй Бага æмæ Джергайы цæуæтæй бирæ алыгъд Хуссар Ирмæ. Гамахары цæуæтæй та — Дыгургоммæ, Урсдоны хъæумæ. Тибы цы Багатæ цард, уыдонæй иу, йæ ном Тотыр, алыгъд Куырттаты коммæ, æмæ уый номæй рацыд Тотраты мыггаг, цардысты Дæллагхъæуы. Дæллагхъæуæй Тотратæй бирæтæ алыгъди Хуссар Ирыстонмæ æмæ æрцардысты Стыр Леуахийы ратæдзæнты, Ходзы хъæуы. Багатæ, Джергатæ, Гамахартæ æмæ Тотратæ хæрз æрвадæлтæ сты.[2]
Фиппаинæгтæ
ивын- ↑ Экспедиция по селам Южной Осетии(æнæбаххæсгæ æрвитæн) (уырыс.)
- ↑ Гаглойты З. Д. Ирон мыггæгтæ. — 2-аг баххæстгонд рауагъд. — Цхинвал: «Республика», 2017. — 372 с.
Литературæ
ивын- Республикæ Хуссар Ирыстоны Закъон ирон мыггагон нæмтты тыххæй. Ирон мыггæгты иууон номхыгъд
- Цхуырбаты З.Д., Дзиццойты Ю.А. Хуссар Ирыстоны топоними. Уанеты Захары номыл Хуссар Ирыстоны зонад-иртасæн ин-т. - М.: Наукæ, 2013. I-æм том