Царциатæмифологион мыггаг æмæ адæмыхатт, уыдысты рагон адæм, таурæгътæм гæсгæ цардысты Ирыстоны, ам бирæ рæтты бынæттон адæм фæамонынц Царциаты цæрæнрæттæ æмæ обæуттæ. Ирон æвзаджы баззад ахæм Царциатимæ баст фразеологизмтæ — «Мæнæ Царциаты диссæгтæ», «Царциаты сæфт фæкодтой», «Царциатау цæрддзу кæнынц», «Царциаты ми сыл æрцыд, «Оу, мæнæ Царциатæ» æмæ а.д.

Царциаты таурæгъты мыхуыры

ивын

Царциаты диссæгтæй чингуыты рæстмæ мыхуыр дæр никуы уыд. Æрмæст дзы Тыбылты Алыксандр æртынæм азты чиныг «Хуссар Ирыстоны фольклормæ» бахаста дыууæ таурæгъы «Царциатæ æмæ цъыбыртты диссæгтæ» æмæ «Уæйгуыты фесæфт». 1973-æм азы дзы Биазырты Алыксандр йæ арæзт чиныг «Нарты таурæгътæ æмæ хабæрттæ»-мæ бахаста хæрз къаннæг хабæрттæ: «Царциатæ Цымийы хъæуы», «Царциаты уæлмæрд Лæцы», «Царциаты сæфт» æмæ «Царциатæ ингæнмæ куыдæй бацыдысты». Беджызаты Дудар стыр куыст бакодта Царциаты диссæгтæ æрæмбырд æмæ сæ бабæстон кæныныл. Дудары фæллæйттæ 1989-æм азы мыхуыр кæнын райдыдта журнал «Фидиуæг».

Беджызаты Дудары куыст Царциаты кадджытимæ

ивын

Беджызаты Дудар æппæтæй стырдæр куыст бакодта Царциаты кадджытæ сæмбырд кæныныл. Уый размæ Царциаты таурæгътæ уыдысты рохуаты, ахуыргæндтæ æмæ сæм иртасджытæ сæ цæст уый бæрц нæ дардтой æмæ дзы рох бирæ цыдæртæ аззадис. Дудар йæхæдæг куыд зæгъы, афтæмæй Царциаты диссæгтæй йæ къухы цы бафтыд, уый таурæгъгæнджытæ Беджызаты Леуан æмæ Гæмсыры, Абайты Цицга, Бураты Захар, Тотраты Лексо, Мæхъиты Дауыт, Сланты Иликъо æмæ Михакъайы, Мамиты Тасо, Плиты Абе, Саппиаты Бесо æмæ иннæты фæрцы. Дудар куыд зæгъы афтæ:

 

Царциаты таурæгътæ парахат кæй не сты, уый – бирæ таурæгъгæнджытæ сæ цыбыртæй дзырдтой, къæзгæйæ, бирæтæ сæ кæд дзырдтой, уæддæр, цыма цæмæйдæр тарстысты, афтæ. Гæмсыр æмæ мын Тасо афтæ загътой: «Цæмæн дæ хъæуынц Царциатæ, Хуыцауы фæндæй сæфт сты, æмæ Хуыцауы хъыджы чи цæуы – фæфыдæх дæм уыдзæни.»

 

Царциаты равзæрд

ивын

Царциатæ равзæрдысты Хур æмæ Мæйы фæндонæй. Сæ ныфс дæр уыдон сты, сæрбахъуыды рæстæг сæхи уыдоныл фæдзæхсынц. Таурæгътæм гæсгæ сфæлдыст цыдис афтæ. Хуыцау зæххон сыджытæй армыдзаг систа, йæ æрмтты йæ лыстæг мур æркодта, ракалдта йæ зæххыл, æмæ уыцы муртæй равзæрдысты хилджытæ, бырджытæ. Фæлæ Хур æмæ Мæйы зæрдæмæ нæ фæцыдысты. Уæд Хуыцау йæ æрмттæм стырдæр тулатæ систа æмæ сæ стыр къуыбæрттæй ракалдта. Уыдон фестадысты сырдтæ æмæ мæргътæ. Адон дæр Хур æмæ Мæйы зæрдæмæ нæ фæцыдысты, кæрæдзи кæй хордтой, уый аххосæй. Уый фæстæ ма Хуыцау сфæлдыста, адоныл уæлахиз чи кодта, уыдоны: еугуыппырты, гуымирты, уæйгуыты. Фæлæ дзы иутæ дæр Хур æмæ Мæйы зæрдæмæ нæ фæцыдысты. Уæд Хуыцау зæхмæ æрхызти, æлыгæй лæджы ныв скодта, къæдзæхты фæрчытæй йын фæрсчытæ скодта, суадон æм бауагъта, баарфæ йыл кодта. Æлыг фыды мур фестади, къæдзæхы фæрчытæ – стæг фæрсчытæ фестадысты, суадон та – туг. Хуыссы лæг, фæлæ дзы уд нæй, у æнæзмæлгæ. Уд та дзы бауагъта Уастырджи. Фæлæ хъусæй нæ хъусы. Галæгон ын баарфæ кодта, æмæ лæг йæ къахыл слæууыд. Фæйнæрдæм акасти, дуне йæ зæрдæмæ фæцыдис. Донбеттыр æй æрыхсадта, æмæ лæг радзæбæх ис, Зæххыл цæуæг сси. Мæй æмæ йæм Хур дзурынц: «Ацы Зæхх нæ рафæлдисгæ у, дæу та уымæй рафæлдисын кодтам, æмæ нырæй фæстæмæ Зæххæн хицау уыдзынæ махæй. Цæугæ цард кæндзынæ æмæ дæ ном Цæрцо фæуæд». Цæрцо систа цæрынтæ. Усæн Бонвæрноны куы æрхаста, уæд ныууагъта йæ цæугæцард, æрбынат кодтой æхсидгæ цады был, сырддзæрмттæй агъуыст сарæзтой, Уæларвæй æрхаугæ дурæй æрцъыккæхсон сарæзтой. Цæрцо цуаны цыд, саджы мæрдтæ хаста æмæ артыл физонæг кодта, Бонвæрнон та хæдзармæ касти. Цот сын рацыд, æмæ Цæрцойы номæй равзæрд мыггаг Царциатæ. Царциаты диссæгты дзырд цæуы Ахуыйы фондз фыртыл æмæ уыдоны байзæддагыл. Ахуыйæн ис хо дæр – Нагъуы. Иуæй-иу таурæгъгæнджытæ та йæ хонынц Нагъуыллæ. Уымæн Сау хохы фыййауæй ис фырттæ Базыг æмæ Æмбазыг, стæй Царциаты мæгуырдæр лæг ЛокайæХуро.

Царциаты цардæгъдау

ивын

Ис сæм нартау абоны адæмы миниуджытæ. Сæхи хъаруйæ амал кæнынц царды фæрæзтæ. Æххæст сты алцæмæй дæр, сты сабыр, æнæхъыгдаргæ адæм, сæхиуыл никуы феввæрсынц, иннæтæм уæлейæ дæлæмæ нæ кæсынц, фæлæ знагмæ сты æгъатыр, нæ барынц мæнгарддзинад, карзæй æфхæрынц гадзрахатæй цæуæджы. Царциаты къухæй бындзагъд, быныскъуыд фесты еугуыппыртæ, гуымиртæ, уæйгуытæ, цъыбырттæ, сугътæ, цъырынгатæ.

Царциаты цæрæнтæттæ

ивын

Царциаты цæрæн бынæттæ фæамонынц Астæуккаг Ирыстоны хæхты дыууæ фæрстыл. Сæ номимæ дзы баст сты ахæм бынæттæ: Ахуыбаты бæрзæнд, Чызджыты адаг, Едысы хъæу, Уæйгуыты галуан, Едысы хъилдур къæдзæх, Сммæндон къæдзæх, Бикъуырау къæдзæх, Тъепле, Адайы хох, Мамысоны æфцæг, æрхонгомы Фыдхуыз хох, Куырттаты комы Лæцы хъæу, Цымийы хъæу, Царциаты уæлмæрдтæ Лæцы, Дзимыргомы æмæ æндæр рæтты. Сæ иу диссаг ма та уый у, æмæ сæ иумæйаг ингæнтæй рахауынц æмпъызт сæры кæхцытæ. Сæ æмпъузæнтæ æмæ зæгæлтæ сты æрхуыйæ. Хæсты-иу дзы кæй сæр фæхъæн, уымæн, дам, ыл æвæрдтой æрхуы æмпъузæн. Зæгæл, дам-иу, куы бахостой, уæд-иу æй цæф йæхæдæг, йæхи адымсгæйæ, мидæгæй фæцъула кодта. Таурæгъгæнæджы ныхæстæм гæсгæ:

 

Царциатæ Едысы Калачы цардысты. Ныр дæр ма сæ хæдзæртты систæ Царциаты уæзæгыл амадæй лæууынц, сæ мæрдтæ дæр уым ныгæд сты, æмæ сæ куы скъахынц, уæд дзы разыны фæрдгуытæ, усы къухдарæнтæ, дурæй цонджы сахсæнтæ, æндæр сæм ахæм ницы зыны. Цардысты нартæ æмæ уæйгуыты рæстæг. Нартæ фæсхох уыдысты, уæйгуытæ та – ам, ныр дæр сæ галуан Ходзы (Едысы сæрмæ иу чысыл хъæу) цур ис – «Уæйгуыты галуан». Раджы-иу хур рæстæг куы ахаста, уæд-иу æй Хуыцауы æфсон кодтой æмæ-иу Царциатæ тыхджындæр бырсын райдыдтой. Сæ гутон уыдис æфсæн, хæцыдысты фат æмæ æрдынæй. Сæ кусæнгарз дæр уыд æфсæн, æмæ сæ фыдуагдзинад нæ уагътой. Уæд сæ Хуыцау сафын фæнд скодта, æмæ Царциатæн хор нал зади, хъуг сын рæуæд нал ардта, фыс – уæрыкк, сæ хуымтæ-иу бон цъæх æвзар уагътой, æхсæв та-иу кæрдинаг уыдысты. Царциатæ хæсгарды хуызæн саджил æфсæйнаг дардтой фаты бырынкъыл, æмæ-иу уый цы алвыдта хоры æфсиртæй, уымæй цардысты. Уæд сæ фос æргæвдын райдыдтой, æмæ сын хæрд фесты æмæ сыдæй аскъуыдысты. Чи ма дзы баззад, уыдоныл та мит ныууарыд æмæ сæ уый фесæфта. Царциатæй иу Едысо хуындис. Уый загъта: «Мах сæфæм, фæлæ ма нæ ном баззайæд», æмæ Едыс баззад Царциаты номæй. Уый фæстæ фесæфтысты, змæлæг сæ нал баззад. Уæдæй фæстæмæ бæрзонд хæхтыл мит нал батад æмæ абон дæр цъитийæ лæууы.

 

Царциаты сæфт

ивын
 

Царциатæ уыдысты тыхджын адæмы мыггаг. Лыгъдысты Хуссары 'рдыгæй. Сыстад сыл низ, æмæ сæдæгæйттæй мардысты фæндæгтыл. Цымийы хъæуы фæзы дзы ис бирæ ныгæд. Хæдзар-иу ныкъкъахтой, æд бинонтæ дзы-иу бацыдысты æмæ-иу сæ уæлæ къæй дуртæ ныффæлдæхтой.

 

Таурæгъ Царциатæ æмæ Нарты кадджытæн ис цыдæр æбæрæг бастдзинæдтæ. Растдæр зæгъгæйæ, таурæгъгæнджытæ сæ кæмдæрты хæццæ кæнынц, хицæн бынæттæ дзы бахæссынц Царциатæм. Сæ равзæрды, фылдæр та сæ байсæфты иухуызондзинæдтæ дæр уымæн ис. Нартæ Хуыцауимæ тохы фесæфтысты Сырдоны æвзагæй, фæлæ сæ кады хъуыддæгтæ баззадысты. Царциаты дæр зынг æмæ зынглæсæнæй Хуыцау фесæфта Маммийы аххосæй. Семæ ахастой сæ сусæгдзинæдтæ, æрмæстдæр ма баззадысты сæ диссæгтæ.

Царциатимæ баст уырнынæдтæ

ивын

Раджы-иу хур рæстæг куы ахаста, уæд-иу Царциаты мæрдты скъахтой, æмæ йын уæд æнæкъæвда нæ уыд. Ома, Хуыцауæн уый хъыг вæййы.

Æмбисæндтæ

ивын
  • Царциаты сæфт фесты[1]: уырыс. Погибли, подобно царциатам
  • Царциатау цæрдцу кæнынц: Скитаются, подобно царциатам
  • Мæнæ царциаты диссæгтæ: Вот так чудеса царциатов

Литературæ

ивын
  • АРВЫ ДУАР. Ирон мифологи æмæ цардыуаджы дзырдуат. Чиныг сарæзта Цгъойты Хазби. – Дзæуджыхъæу, «ИР», 2005 – 232 с.

Фиппаинæгтæ

ивын