Æфсатитугдзых чи нæу, уыцы сырдты æмæ сыл цуан кæныны бардуаг.

Æфсати
Тип бардуаг
Æрд нæлгоймаг
Æфсымæр Хуыджыры
Сывæллæттæ Хайырхъыз
Кæм цæры Адайыхох

Йæ хуыз йæ æгъдау

ивын

Æфсати æвдыст цæуы урс даргъ зачъеджын тынг зæронд лæджы хуызы, бады бæрзонд хохы сæр æмæ уырдыгæй фæлгæсы, ир «Æфсатийы фос» кæй хонынц, уыцы æнæнымæц рæгъæуттыл. Иннæ ирон зæдтæ æмæ дауджытæй хъаудждæр Æфсатийы номыл кувæндон нæ уыдис, æмæ йæ кадæн сæрмагонд куывдтæ нæ кодтой. Фæлæ уæддæр æнхъæлдтой, зæгъгæ Æфсатийы æвастæй нæй цуаны цæуæн, æмæ уый тыххæй цуанæттæ цуаны размæ хъуамæ баххæст кодтаиккой бæлвырд домæнтæ, æмæ, Æфсатимæ кувгæйæ, ракуырдтаиккой, цæмæй сын йæ фосы рæгъæуттæй исты балæвар кæна.

Йæ уæвыны ран

ивын
 
Æфсатийы скульптурæ Буронмæ ’ввахс

Æфсатийы бадæн у хæхты бæрзонддæр, таурæгътæм гæсгæ, Адайыхох. Æфсатийыл арæхдæр æмбæлæм Нарты кадджыты, ис ыл ирон адæмон зарджытæ цалдæр варианты. Бынтон диссаг та рауад Къостайы фыст уацмыс «Æфсати». Æфсати у Хуры фырт, ис ын авд фырты æмæ иунæг чызг Аханат (хонынц ма йæ Хайырхъыз дæр). Йæ кæстæр æфсымæр Хуыджыры та у æрсыты æмæ хъæддагхуыты бардуаг. Æфсатийы цæрæн бынат у мусонг. «Комиайы фырты зарæг» нын куыд зæгъы, афтæмæй мусонгæн йæ къултæ сты сагдзармæй, йæ сæр – æрсдзæрмттæ, йæ бын та – сæгъдзæрмттæй, йæ алы къулыл – саджы стджытæй рагъæнтæ.

Æфсати Нарты кадджыты

ивын

Хæлар æмæ уарзонæй цæры Нарты гуыппырсартимæ. Хайджын сты йæ фосæй. Уæрхæгæн йæ фаззон фыртты райгуырды боны фарнæн скодта нæртон куывд сырды фыдæй. Ацæмæзы усаг Агуындæйы æвзист уæрдоны ифтыгъд уыдис авд сæрджын саджы – Æфсатийы лæвар. Кадæг «Нарты сау рувасдзарм»-ы Уырызмæджы кæлæнгæнæг ус куыдз куы фестын кæны, æмæ куыдзы цардæй куы сфæлмæцы, уæд æм арсы хуызы æххуысмæ фæзыны Æфсати. Æмæ йын бацамоны, кæлæнгæнæгæй куыд фервæзæн ис, йе ’рдзон хуыз ын куыд райсæн ис, уый. Нæртон адæм цæмæ баулæфынц Æфсатимæ, уый сын рæдауæй сæххæст кæны. Кадæг «Дауджыты лæвæрттæ Сосланæн»-ы Æфсати зæгъы:

 

Хорз, бахай кæндзынæн æз Нартæн мæ фосæй, фæлæ бынтон лæвар нæ: цуанон иу цуаны куы цæуа, уæд иу рахæссæд йемæ æртæ чъирийы æмæ иу сæ æфцæгыл мæ ном ссарæд. Стæй-иу сау хохы сырд куы амара, уæд иу ын йæ рахиз сгуы радтæд, фыццаг ыл чи сæмбæла, уымæн – æмбæлæггаг

 

Уыцы фæтк-фæдзæхст фидар æвæрд уыд æрæджийы онг дæр ма ирон цуанæттæм. Æфсати уыд Нарты æмæ ирон адæмы уарзондæр зæдтæй иу. Уыцы æнкъарæн нæм æрхæццæ абоны онг. Йæ фæлгонц, йæ зарджытæ нын сты æхцон. Йæ фæлгонц йæхимæ тынг здахы ирон нывгæнджыты æргом. Ныв æй кæнынц. Уæлдай зындгонддæртæ дзы сты Тугъанты Махарбеджы конд ныв Къостайы «Æфсати»-мæ гæсгæ æмæ Дзбойты Михалы скульптурæ Буронæй Цъæйы коммæ бахизæны.

Æфсати æмæ Ацæмæзы уадындз

ивын

Нарты кадджыты Æфсатимæ ис диссаджы сызгъæрин уадындз, балæвар æй кодта разагъды нарты Ацæмæзы фыдæн. Ацæмæз Агуындæйы куы хаста, уæд Æфсати бафыста ирæд – фондзыссæдз афæдздзыд саджы.

Маргъ Æфсатийы фосимæ

ивын

Ис йæ фосы æхсæн маргъ дæр — зым. Уый фæдыл ис иу таурæгъ – «Зым» – Æфсати»-йы. Загъд дзы ис, зæгъгæ, тæрхъус хъæдæй адзæгъæл быдырмæ æмæ æрцард мæргътимæ. Зым та дзæбидырты фæдыл бафтыд. Уый фыдæй Æфсати æмæ мæргъты бардуаг Кæрчигуылой фæзулдзых сты. Алчидæр сæ агуырдта йæхион. Сæ хъаст бахастой Хуыцаумæ. Уый тæрхъусы ныууагъта Кæрчигуылойы бар, зымы та – Æфсатийы. Уæдæй фæстæмæ зым дзæбидыртимæ уæлвонг хæхты цæры, тæрхъус та – мæргътимæ дæлвæзты.

Æфсатийы куывд

ивын
 

– О Æфсати, табу дын уæд!
Мæгуыр лæг дæн, Хуыцауы сфæлдыст адæймаг дæн,
Дæ бынмæ æрбацыдтæн æмæ дын лæгъстæ кæнын.
Курын дæ, дæ бар рæгъæуттæй мын
Ма бавгъау кæн иу къуылых сычъи кæнæ сæгуыт.
Курын, бæрзондæй мæм ныллæгмæ æркæс
Æмæ мын саккаг кæн дæ сиуджынтæй иу сырд.
Mæ кувинаг дын барст фæуæд
Æмæ мæ дæ хорзæх уæд.
Зæрдæрайгæ дæ цы аздæхон фæстæмæ,
Уыцы хорзæх мын ракæн.

 

Кæс ноджы

ивын

Литературæ

ивын
  • Арвы дуар. Ирон мифологи æмæ цардыуаджы дзырдуат. Чиныг сарæзта Цгъойты Хазби. – Дзæуджыхъæу, «ИР», 2005 – 232 с.
  • Ирон æгъдæуттæ. Чиныг сарæзта Агънаты Гæстæн. Рецензенттæ Ходы Камал æмæ Чеджемты Геор. – Дзæуджыхъæу, «Урсдон», 1999 – 176 с.
  • Этнография и мифология осетин. Дзадзиев А.Б., Дзуцев Х.В., Караев С.М. Краткий словарь. – Владикавказ, 1994 – 284 с.