Гуыдиатæ кæнæ Гудитæ (уырыс. Гудиевы) сты ирон мыггаг.

Истори

ивын

Гуыдиатæ равзæрдысты Хъобаны. Уырдыгæй пырх кæнын райдыдтой фæйнæрдæм. Сæ иутæ фæлыгъдысты Хуымæллæгмæ, уырдыгæй та Зилгæмæ слыгъдысты. Иннæтæ та хохы ’рдæм алыгъдысты, Къобы æрцардысты. Уырдыгæй та Окрохъанамæ балыгъдысты. Уым сæ иу лæг амардта, æмæ уырдыгæй фæстæмæ ралыгъдысты Куырттаты комы, Хидыхъусмæ.

Уæд, уым сæ мыггаг аивтой сæ фыдæлы номæй æмæ сæхи хонын байдыдтой Ахболæттæ. Ныртæккæ дæр Æхболæттимæ æрвад сты.[1]

Фиппаинæгтæ

ивын
  1. Таурæгъ ныффыста Æлборты Б. Æвæрд ис ЦИГСИИ-ы архивы, ф. 19, оп. 1, д. 137. Таурæгъ ма ныффыста Цагъаты А. дæр. Æвæрд ис ЦИГСИИ-ы архивы, оп. 1, папка 144, д. 394.

Литературæ

ивын