Золойтæ[1] (уырыс. Золоевы, тур. Aydoğan, Ayhan[2]) сты ирон мыггаг.

Равзæрд ивын

Золойты мыггаг равзæрд Уæлладжыры комы, Стыр Мызурмæ хæстæг, Сæхæггаты хъæуы. Сæ фыдæл Сихъоты Сæхæг (хъæу дæр уый номыл уыд) уыди Цæразонтæй. Сæхæгæн Сæхæггаты хъæуы райгуырд цыппар фырты: Толпар, Магка, Цæрæк æмæ Золо. Фæстагмæ ацы æфсымæрты нæмттæй равзæрди мыггæгтæ: Толпартæ, Магкатæ, Цæрæктæ, Золойтæ. Абон дæр ацы мыггæгтæ æрвадиуæг кæнынц, сæ хæстæгдзинад нæ рох кæнынц.

Сæхæджы фырт Золойæн ус нæма уыд, афтæмæй æрбалыгъд Дыгуры коммæ æмæ æрцард Гуылæры хъæуы. Ам ус ракуырдта æмæ мыггаг скодта йæхи номыл — Золойтæ, зæгъгæ. Фæстагмæ Гуылæры хъæуы цæрджытæ: Золойтæ, Етдзатæ, Хуймантæ, Сабетæ æмæ Найфонтæ кæрæдзийæ æфсымæртæ загътой æмæ сæ дарддæр царды хъуыддæгтæ иумæ кодтой. Ард бахордтой кæрæдзийæ ус нæ курыны тыххæй, тугисын кæнæ тугфидын æгъдæуттæ иумæ кæнын, æзнæгты ныхмæ иумæ тох кæныны тыххæй. Фæлæ 1912 азы Етдзатæй иу Сабеты чызджы куы ракуырдта, уæд ацы фондз мыггаджы ардбахæрд фехæлд.

1886-æм азы Гуылæры цардис Золойтæй авд хæдзары. Тауасийы дыууæ фырты — Хосдзау æмæ Хъанцау. Бодзойы фырттæ: Хазби, Елизбар. Айдарухъы фырт — Абисал, Алийы фырттæ — Фацбай æмæ Дударыхъо. Бирæтæ сæ ралыгъдысты быдыры хъæутæм — Дур-Дур, Чырыстонхъæу, Сырх-Дыгурмæ.[1]

Фиппаинæгтæ ивын

  1. 1,0 1,1 Гаглойты Зинæ. Ирон мыггæгтæ: Дзæуджыхъæу: Ир, 2005 — 359 ф.
  2. Ныхас Фыдыбæстæимæ / сост. Р.С. Кантемирова; наукон ред. Джусойты Нафи — Дзæуджыхъæу: Ир, 2016 — 263 ф.