Мамсыраты Темырболат

Мамсыраты Осмæны фырт Темырболат (райгуырдис 1845-æм азы, Мамсыратыхъæуы — амардис 1899-æм азы, Турчы, Батманташы) уыдис фыццаг ирон поэт.

Мамсыраты Темырболат
Райгуырды датæ 1845
Мæлæты бон 1898
Æмбæстонад (дæлхицауад)
Архайды хуыз поэт
Уацмысты æвзаг ирон

Цардафыст ивын

Темырболат райгуырдис æлдар Мамсыраты Осмæны бинонты ’хсæн. Осмæн йæхæдæг уыди дæргъæвсаг (æрцарди Осмæныхъæуы[1]). 1818-æм азы йын инæлар Ермоловы дзырдæй зæххы хай радтой Джызæлдоны был, æмæ йæ дæлбар адæмимæ ралыгъд уырдæм. Хъæу схуыдтой Осмæны номæй.

Фыссæг æмæ литературæиртасæг Гæдиаты Цомахъ Темырболаты райгуырды азыл нымадта 1845. Филолог Æлборты Барысбимæ гæсгæ та поэт райгуырди 1843 азы. Фылдæр филологтæм хуыздæр фæкасти дыккаг датæ. Афтæмæй та Цомахъ растдæр уыди. Уый сбæрæг кæнынæн ахъаз фæцис историон зонæдты кандидат Берозты Батырадзы уац. Батырадз фыста: «XIX æнусы 50-æм азты архивæй ист гæххæттытæм гæсгæ сбæлвырдгæнæн ис æлдар Мамсыраты Осмæны бинонты азхыгъдтæ. Уыцы гæххæттытæм гæсгæ 1859 азы Темырболатыл сæххæст 14 азы («Мах дуг», 1971, № 2).

Цæгат Ирыстоны Центрон Паддзахадон архивы (291 фонд, фыццаг номхыгъд, 9-æм хъахъхъæнæн иуæг, 123 сыф) цы гæххæтытæ ссардæуыд, уыдонæй иуы уыдис ацы документ:

В Комитет, учрежденный для разбора личных и поземельных прав туземцев ВоенноОсетинского округа Тагаурских алдар:
прапорщика Османа, юнкера Бола, Умара, Боруко, Тасо, Пшемахо, Заурбека, Асламбека и Елбуздуко Мамсуровых

ПРОШЕНИЕ
Представляя при сем родословные наши росписи, покорнейше просим оный Комитет
утвердить нас в алдарском достоинстве и в том выдать каждому особый документ.
30 мая 1859 года.
К сему прошению просители Осман, Бола, Умар, Боруко, Тасо, Заурбек, Асламбек и Елбуздуко.


За них и за себя подписал Пшемахо Мамсуров.

Дарддæры гæххæттыты та (291 фонд, фыццаг номхыгъд, 9-æм хъахъхъæнæн иуæг, 1-27 сыф) ис курдиат ныффыссыны рæстæг, ома 1859 азы 30 майы, Осмæны сывæллæттæй кæуыл цас цыд, уый. Хистæр фырт Дзамболатыл сæххæст 20 азы, астæуккаг Темырболатыл — 14, кæстæр Хъамболатыл та — 8 азы.

Афтæмæй Темырболаты райгуырды аз у 1845.

1850 азты Кавказы хæстон хицауады уынаффæмæ гæсгæ хъæу хæлд æрцыд, æмæ Мамсыраты бинонтæ ралыгъдысты Брутмæ. 1857 азы Темырболат йæ мадыфсымæр инæлар Къуындыхаты Муссæйы æххуысæй бацыди Бетъырбухы кадетты астæуккаг скъоламæ æмæ йæ каст фæци, корнеты цин райста, афтæмæй. Уæдæй 1865 азмæ, ома Туркмæ ацæуыны онг, уыди Чугуевы сахары (ныртæккæ ацы цæрæнран ис Украинæйы, Харьковы облæсты районтæй иуы центр) бæхджын æфсады полчъы.

Паддзахы инæлар Куындыхаты Муссæ (Темырболаты фыдыфсымæр) агитацийы руаджы Цæгат Кавказы хæххон адæмты (ир, цæцæн, мæхъхъæл, кæсæджы) сардыдта сæ райгуырæн уæзæг ныууадзыныл æмæ «се ’мдингæнæг æфсымæртæм» Туркмæ алидзыныл. Уыцы алидзæг адæмимæ Туркмæ уыдис Мамсыраты Темырболат дæр.

Темырболат Туркмæ æнæбары кæй афтыд, уымæн фыццаджы-фыццаг æвдисæн сты йе ’мдзæвгæтæ. Ис æндæр бæрæггæнæнтæ дæр. Хъæрджынты Гагуыдз (йæ кой ма кодтам) фыста:

 

«Туркмæ афтыди Темырболат, йæ мадызæнæг хо Азизæ мын куыд радзырдта, уымæ гæсгæ æвæндонæй, сагъæсгæнгæйæ, йæ мады фæндæй... Муссæ Туркмæ куы лыгъд, уæд Темырболаты мад загъта: „Æз ме ’фсымæримæ цæуын, æмæ, кæй схъомыл кодтон, уыдон мæ фæдыл ацæудзысты“. „Афтæмæй æнæбары бахаудта Темырболат туркаг фæсвæд хъæу Тохъатмæ, Анатолийы бæсты. Уым фæцард иу-25 азы, фылдæр агъуысты бадгæйæ. Бадти, куыдта æмæ фыста Темырболат, йæ ныййарæг хæхтырдæм кæсгæйæ“,— дзуры йæ хо. Афтæмæй амарди поэт йæ райгуырæн бæстæй æнæ цæссыджы хайæ, йæхиуыл та-иу бирæ фæкæугæйæ» («Рæстдзинад», 1925 азы 27 август).

 

Ацы нымæц («иу-25 азы») раст нæу: поэтæн йæ фæстагдæр æмдзæвгæтæй иуыл ис датæ — 1898 аз. Афтæмæй нымайгæйæ поэт Турчы фæцарди 35 азмæ æввахс. Чи зоны, Гагуыдзы уацы дæр «35» фыст уыд, æмæ рæдыд газет æруагъта.

Профессор Æлборты Барысби æмæ иннæ ахуыргæндтæм гæсгæ Темырболат Турчы цæргæйæ ус не ’рхаста (æцæгæлон бæстыл, дам, мæ хъæстæ нæ уадзын). Бауырнинагдæр сты журналист Мамсыраты Мураты ныхæстæ. Уый Турчы уыди 1971 азы æмæ фыссы, Темырболаты дыууæ чызджы æмæ дыууæ лæппуйы ист кæм сты, ахæм дыууæ къамы йын кæй балæвар кодтой, уый тыххæй. Ноджы йын алы къамыл дæр ныффыстой, чи дзы кæцы у æмæ Темырболатæн цы хæстæг æййафынц, уый. Поэты зæнæгæй æгас ничиуал у, цæры ма дзы æрмæст йæ цотыцотæй иу: Яшар. Мурат зæгъы:

 

«Яшар ныртæккæ цæры Анкарайы. Темырболатæн йæ чызджычызг у. Хосонты чындз. Фæлæ поэты амардæй ссæдз азы фæстæдæр райгуырди, нæ йæ æрæййæфта» («Мах дуг», 1972, № 10, 102 фарс).

 

Темырболаты амæлæты аз бæлвырд зындгонд нæу. Фыссæг Гæдиаты Цомахъ ын йæ амарды азыл нымайы 1898, Æлборты Барысби æмæ иннæ ахуыргæндтæ та — 1899.

Сфæлдыстад ивын

Октябры революцийы размæ Темырболаты æмдзæвгæтæ Туркæй хæццæ кодтой йæ райгуырæн Ирыстонмæ. Иу æмдзæвгæ дзы — «Сагъæстæ» — сси адæмон зарæг, фыццаг хатт æй мыхуыры рауагъта акад. Миллер Всеволод («Осетинские этюды», ч. I, М., 1881, стр. 105). Ахуыргонд ирæттæй бирæтæ æнхъæлдтой, йæ автор инæлар Къуындыхаты Муссæ кæй у. Фæлæ 1922 азы Дзæуджыхъæумæ æрцыд Муссæйы фырт, Советон Уæрæсеимæ цæдис скæныны фæдыл Турчы миссийы сæрдар Къуындыхаты Бечыр (Бекир-Бей-Сами) æмæ загъта, зæгъгæ, «Сагъæстæ» у йæ фыды хойы лæппу Мамсыраты Темырболаты фыст. Бечыр йемæ æрласта Темырболаты иннæ æмдзæвгæтæй цалдæр. Мыхуыр уыдысты французаг дамгъæтæй. Хъаныхъуаты Иналыхъ сæ уырдыгæй рафыста æмæ дзы иу копи радта Æлборты Барысбийæн. Фæстæдæр Барысби ныффыста чиныг Темырболаты тыххæй æмæ йын ныммыхуыр кодта йе ’мдзæвгæтæ дæр иронау æмæ уырыссаг æвзагыл дæлрæнхъон тæлмацæй («Первый осетинский поэт Темирболат Османович Мамсуров». Владикавказ, 1926). Къопийы фыццаг фарсыл фыст ис: «Ирон зарджытæ. Ныффыста Мамсыраты Темырболат. Турчы, Анатолийы, Батманташ, 1868—1898 азты».

Æлборты Барысбийы фæстæ Темырболаты æмдзæвгæтæ Мамсыраты Темырболаты æмдзæвгæтæ фыццаг хатт хицæн чиныгæй рацыдысты уырыссагау — Хуссар Иры чиныгуадзæны (1946). Сæ тæлмацгæнæг уыдис Е. Гегелашвили, разныхасы автор — Биазырты Алыксандр.

Поэты уацмыстæ сæ мадæлон æвзагыл иумæ æмбырдæй фæзындысты æрмæстдæр 1965 азы — уæд дæр Цхинвалы. Чиныг бацæттæ кодта, разныхас æмæ йын фиппаинæгтæ ныффыста Джусойты Нафи. («Ирон зарджытæ», Цхинвал, 1965).

Æдæппæт иуæндæс æмдзæвгæйы, фæлæ сыл бæлвырдæй зыны сæ авторы бæрзонд курдиат — йæ зæрдæйы хъару, йæ уды ныфс, йæ æнæкæрон уарзт ирон дзыллæмæ, фыдæлты зæхмæ. Æцæгæлон бæстæм йæ сæр чи фесæфта, уыдонæн уым сæ хал, сæ бæндæн фæхауд. Æнæбон, æнæбарæй кæй цардысты, канд уый нæу Темырболаты уæззау хъуырдухæнты аххосаг. Поэт-патриот æмбары, йе ’мтуг адæмæй райгуырæн уæзæгыл чи баззад, уыдон дæр бæллиццагдæр уавæры кæй не сты, кæй хъæрзынц хæдхæцæг паддзахы æфсондзы бын. Уымæ гæсгæ катайгæнгæ зæгъы: «Нæ ис æмæ нæ бæстæ мах Залымæн ныууагътам, рахастам ма нæ сæртæ» Æмдзæвгæ «Дыууæ ’мбалы»). Ацы зæрдыуагыл æмбæлæм «Авдæны зарды» дæр:

Не ’ннæ дихтæ сæ паддзахæй
Иттæг тыхст дзы куы вæййынц,
Сæ дин, сæ бæстæ, се ’гъдауæй
Уыдон хицæн куы кæнынц.

Æлборон куыд фыссы, афтæмæй «Авдæны зард» дæр «Сагъæстау» адæм истой дзыхæй-дзыхмæ, зарыдысты йæ. Саламты Мæхæмæт дзы (кæс ацы чиныджы кæрон фиппаинæгтæм) Барысбийæн ахæм рæнхъытæ æрымысыд («донайдзауты» ныхæстæй кæй бахъуыды кодта, уыдон):

Дæ туджы ’ртах кавказаг,
Æнахъомæй туркаг зæрдæ ма райс.
Нал дын ыстæм ахъаззаг,
Махыл дæ зæрдæ ма худæд.

Темырболат йæ алыварс цы галиу митæ æмæ æгъатырдзинад уыдта, уыдоны ныхмæ иудадзыг æхсонвидар кæм уыдаид, æмæ-иу ахæм заман йæ фæстаг скаст уыдысты — бар-æнæбары—йæ дин, йæ хуыцау... Уымæ гæсгæ зын бамбарæн не сты «Сагъæсты» мæнæ ацы рæнхъытæ:

Урс базыл сау цæссыг
Тынгæй-тынгдæр куы цыдис.
…………………………………….
Уæд мæм кæцæйдæр æрдзырдис:
«Уæ! Бæстæй скъуыд, æфхæрд лæг!
Дæуæн куы ис æнхъæлцау,—
Куы йæ зоныс дæхæдæг,—
Дæ дин æмæ дæ хуыцау».

Поэт æууæнды, «иунæг хуыцау сабыр» кæй у, «иу хатт махмæ дæр кæй ракæсдзæн, уымæн æмæ «мæгуыры дуа хъабыл у»... Темырболат йæ царды фылдæр хай æцæгæлон бæстæйы арвыста æмæ хорз базыдта, йе ’мбæстон адæмæй чи цы гæнæг уыд, уый. Йæ инæлар мадыфсымæр Турчы ’фсады нымад лæг уыди, стыр паддзахадон бынæттæ ахста. Уымæ гæсгæ Темырболатæн, ахуыр æфсæддон лæгæн, курдиатджын адæймагæн, хорз фадат уыди размæ рацæуынæн, карьерæ скæнынæн. Фæлæ поэт йæ сæрмæ не ’рхаста Турчы ’фсады уæвын, æнæуынон ын цы хицауад уыд, уымæн кæстæриуæггæнæг ныллæууын. Йæ дзыллæйы æцæг хъæбул уæвгæйæ, уый мæстæлгъæдæй фыссы, лæджы ном цæсты чи ’фтауы, мулчы, карьерæйы азарæй йæ намысыл йæ къух чи исы, ахæм худинаггæнджытыл («Чъынды лæг», «Рынчын æмæ рынчынфæрсæг», «Ме ’мгармæ» æмæ æндæр æмдзæвгæтæ). Иу дины руаджы кæйдæр зæххыл нæ амонд ссардзыстæм, зæгъгæ, афтæ хъуыдыгæнгæмæ йæ бæстæ чи ныууагъта, уыцы адæм ног бынаты «къæрдтæ, дихтæ баисты», кæмæн дзы йæ «цин ысхызт уæлæмæ», сси «стыр хицау», чи рагъ ыскодта йæ хорæй æмæ йæ нæдæр хæргæ кæны, нæдæр дзы искæмæн дæтты. Иннæтæ «дзугтæ скодтой чызджытæй», «сæ мулк, се ’хсар, сæ намыс æргом ысси хæрзмæллæг». Аннæтæ систы уæйгæнджытæ:

Худгæ йæхи æвдисы,—
Зæрдæ сау у мидæгæй.
Хи дзы хъæуы хъахъхъæнын,
Куыдзау хæцы сусæгæй.

Сæ тематикæйæ кæрæдзимæ æввахс лæууынц æмдзæвгæтæ «Хæрæг» æмæ «Амонд». Хæснагæн иу нæмыг дæр кæм нæ лæууыд, йæ хæлдтытæй зæрдæ кæмæн рыст, уыцы голлагæн æваст, куыд фæзæгъынц, йæ амонд хæрæгыл абадти: хонын æй райдыдтой «голджытæн сæ. хуыздæр». Поэт уайдзæф кæны цыбырзонд æмæ цæстмæхъус адæмæн, чи цы у, уый йæ номæй кæй нæ хонынц, уый тыххæй: «Кæй сисынц уæларвмæ, кæй æркæнынц сæ быны». Голладжы «амонд» мæнг у, бирæ нæ ахæсдзæни, фæлывд адæм абон хуыздæр кæй хонынц, уыцы хæлд голлаг сомбон уæддæр йе ’цæг бынат ссардзæни, чи зоны, къæхтæсæрфæн дæр суа. Ацы аллегорион фæлгонц цæмæйдæрты æрвадиуæг кæны И. А. Крыловы æмбисонд «Голладжы» персонажимæ. Уым дæр голлаг дуаргæрон дзæгъæл æппæрстæй лæууыди, лæггадгæнджытæ йыл-иу сæ къæхтæ дæр асæрфтой. Фæлæ — диссаг! — æнæнхъæлæджы йæ хъул сах абадт, аргъ кæнын ын райдыдтой. Цæмæн? Йæ хицау æй... æхцайæ байдзаг кодта, стæй йæ нывæфтыд чырыны бафснайдта. Голладжы кой æгас горæтыл айхъуысти, цæвиттон, уырыс цæйау акæнынц, «из грязи в князи», уыйау рауад йæ хъуыддаг. Крыловы æмбисонды дарддæр цытæ æрцыд, уыдон кой нал кæндзыстæм. Темырболаты «Голлаг» хуымæтæгдæр у (æниу нæм æмдзæвгæ æнæхъæнæй не ’рхæццæ, æмæ бæлвырд хатдзæгтæ кæнын зын у): Сæйраг хъуыддаг бæрæг у: Темырболат йæхи равдыста дæсны психологæй. Галиу дунейы, «сæ зонд цæст кæмæн нæ уыны», ахæм адæмы ’хсæн хорзмæ, раст тæрхонмæ, хуызæн уынаффæмæ æнхъæлмæ кæсæн нæй. Гæвзыкк уæвгæйæ бынæттæм, кадмæ, хорзæхтæм чи бæллы, йæхицæй чи феппæлы, иу ахæм «хæрæджы» тыххæй Темырболат зæгъы: «Дæ саргъ куы уаид сызгъæрин, лыг куы уаиккой дæ хъустæ, бæх дæ уæддæр нæ хонин», уымæн æмæ: «Хæрæг йæ сæрæй бæрæг у». Зæрдыл æрлæууы Державины ныхас: «Осел останется ослом, хотя осыпь его звездами».

Æлгъаг «голджытæн» æмæ «хæрджытæн» Темырболат сæ ныхмæ æвæры лæджы ном, лæджы фарн: «Мæнæн мæ ниат æргом у: мæ уд æмæ мæ фæллой нæ адджын бæстæн нывонд у». Æмæ æрлæууыди мæгуыр фæллойгæнæг адæмы фарсмæ: «Мæнæн мæ фæрæт, мæ цæвæг дæтдзæн, ардзæн мæ кæрдзын».

Раст уыцы азты сæ бæстæн, сæ адæмæн сæ сомыйы ныхæстæ кодтой нæ иннæ дыууæ разагъды лæджы — Къоста æмæ Секъа дæр. Темырболаты, Къостайы æмæ Секъайы поэзийы хæстæгдзинады тыххæй фыстой Нафи («История осетинской литературы». Том 1. Тбилиси, 1980) æмæ Дзуццаты Хадзы-Мурат («Хетæгкаты Къостайы реализмы тыххæй». Тбилиси, 1979). Къоста зыдтаид Темырболаты æмдзæвгæтæй цыдæртæ, зæгъы Хадзы-Мурат, уымæн æмæ йын йæ уацмысты уынæм фыццаг ирон поэтæй реминисценцитæ. Зæгъæм, Темырболатмæ: «Къæрдтæ, дихтæ баистæм»—Къостамæ: «Иугай ныйистæм»; Темырболатмæ: «Сæфы, сæфы нæ фæстаг» — Къостамæ: «Цы уыдзæн нæ фидæн, нæ фæстаг» æмæ а.д. Ахæм параллельтæ кæны Нафи дæр Темырболат, Къоста æмæ Секъайы хицæн уацмысты ’хсæн. Чи зоны, æнгæс рæнхъытæ нæ фыццаг поэттæм сæхи ’гъдауæй райгуырдысты. Ууыл гуырысхо кæны Хадзы-Мурат дæр: «Сæ дыууæйы дæр (Темырболат æмæ Къостайы. — X.К., Хъ.Æ.) сдзурын кодта адæмы трагикон уавæр, уымæ гæсгæ сæ поэзийы сæйраг лейтмотив у хъарæг, сæ дыууæ дæр риссынц æмæ кæрзынц адæмы уæззау рис æмæ æвидийгæ хъизæмарæй».

Рауайы афтæ: иу цъитийæ райгуырынц егъау цыхцырджытæ, къæдзæхты бын фæхицæнтæ вæййынц, бирæ рæстæг сæ алчи хибарæй фæцæуы, стæй та фæстагмæ уæлзæххыл кæрæдзи ссарынц. Ахæм цъитидæттау у сæ хъысмæт Темырболат, Къоста æмæ Секъайæн. «Æмæ стъалы стъалыимæ дзуры», — Лермонтовы ацы ныхас дæр цыма нæ фыццаг поэттыл æрцыди: лæгæй-лæгмæ зонгæ нæ уыдысты, фæлæ сæ дзуринаг — иу, дардмæ дæр æмбæрстой кæрæдзи. Сæ поэзийæн дæр ис иу бынат — сæ дзыллæйы зæрдæйы.

Уацмысмæ ивын

  • Стихи. (Перевод с осетинского Е. Гегелашвили). Сталинир, 1946;
  • Ирон зарджытæ. Цхинвал, 1965;
  • Ирон зарджытæ. Орджоникидзе, 1982.

Литературæ ивын

  • Алборов Б. Первый осетинский поэт Темирболат Османович Мамсуров. Изв. Горского пединститута, т. III. Владикавказ, 1926;
  • Гадиев Ц. Мамсуров Т. — первый осетинский поэт. Изв. научно-исследовательского института краеведения. Т. 2, 1927;
  • Ардасенов X. Очерк развития осетинской литературы. Орджоникидзе, 1959;
  • Нафи. Нæ зарджыты райдиан. Разныхас. Ацы чиныджы: Мамсыраты Темырболат. Ирон зарджытæ. Цхинвал, 1965;
  • Джусойты Нафи. Мамсыраты Темырболат. Ацы чиныджы: Джусойты Н. Ирон литературæ. Астæуккаг скъолайы 8 къласы ахуыргæнæн чиныг. Цхинвал, 1971;
  • Дзуццаты X. Мамсыраты Темырболаты тыххæй, «Фидиуæг», 1978, № 5;
  • Ходы К. Иры фыццаг зарæггæнæг. «Мах дуг», 1978;
  • Джусойты Нафи. Темирболат Мамсуров. В кн.: Н. Джусойты. История осетинской литературы. Книга первая. Тбилиси, 1980;
  • Хъодзаты Æ., Ходы К. Ирон фыццаг зарæггæнæг. В кн.: Мамсыраты Темырболат. Ирон зарджытæ. Орджоникидзе, 1982.

Æрвитæнтæ ивын

Фиппаинæгтæ ивын

  1. Ныхас Фыдыбæстæимæ / сост. Р.С. Кантемирова; наукон ред. Джусойты Нафи — Дзæуджыхъæу: Ир, 2016 — 263 ф.