Уырыссаг æвзаг

(Уырыссаг-æй æрвыст)

Уырыссаг æвзаг (русский язык) у Уæрæсейы Федерацийы паддзахадон æвзаг. Славяйнаг æвзæгтыл дзурæг адæмæн се ’мбис дзурынц уырыссагау. Æппæт дунейы уырыссагау дзурын зонынц 285 милуан адæймаджы (уыдонæй æрмæст 146 милуан сты уырыссæгтæ), ома дзурджыты нымæцмæ гæсгæ ахсы цыппæрæм бынат, китайаг, англисаг æмæ испайнаг æвзæгты фæстæ.

Уырыссаг æвзаг
Хином русский язык
Бæстæтæ Уæрæсе, Украинæ, Белорусси, Хъазахстан, Молдави, Сомих, Израиль, Латви, Литва, Эстони, Хъиргъиз,Таджикистан, Туркменистан, Узбекистан, Азербайджан, Гуырдзыстон, Польшæ, Мангол, Шпицберген (Норвеги), Финлянди, Чехи, Болгари, Скæсæн Европæ, Герман, АИШ-ы стырдæр сахартæ, Канадæ, Турк, Австрали
Официалон статус Уæрæсе, Белорусси, Хъазахстан, Хъиргъиз, Абхаз, Хуссар Ирыстон, Приднестровье, Гагаузи, Румынийы цалдæр æмбалады, ИНО, ЮНЕСКО, МАГАТЭ æмæ æндæр æхсæнадæмон организациты къорд.
Уагдæттæг организаци Уырыссаг æвзаджы институт
Дзурджыты нымæц 300—350 млн, уыдонæй 200 млн адæймагæн у мадæлон æвзаг (130 млн Уæрæсейы)
Рейтинг 4—7
Классификаци
Категори Евразийы æвзæгтæ

Индоевропæйаг æвзæгтæ

Славяйнаг къорд
Скæсæйнаг-славяйнаг дæлкъорд
Фыссынад кириллон алфавит (уырыссаг алфавит)
Æвзаджы кодтæ
ISO 639-1 ru
ISO 639-2 rus
ISO 639-3 rus
ГОСТ 7.75–97 рус 570
WALS rus
Ethnologue rus
Linguasphere 53-AAA-ea
ABS ASCL 3402
IETF ru
Glottolog russ1263
Википеди ацы æвзагыл

Уырыссаг æвзагæй пайда кæнынц канд Уæрæсейы нæ, фæлæ æндæр бæстæты дæр. Хъазахстан, Хъиргъиз æмæ Белоруссийы (стæй де-факто хæдбар паддзахæдтæ Абхаз, Приднестровье æмæ Хуссар Ирыстоны) у официалон æвзæгтæй иу. Хъырым æмæ иуæй-иу Украинæйы облæстыты уырыссаг æвзагæн радтой регионы æвзаджы сæрмагонд статус, фæлæ 2014-æм азы фæстæ ахæм статус бæстæйы закъæттæй аиуварс кодтой.

Иугонд Нациты Организацийы цы æхсæз официалон æвзаджы ис, уыдонæй иу уырыссаг æвзаг у.

Куыд алы стыр æвзаг, афтæ уырыссаг æвзаг дæр йæ уæзы бын бакодта, уый æмрæнхъ кæмæй пайдагонд цæуы, уыцы чысылдæр æвзæгты.

Брокгауз æмæ Ефроны уырыссаг дзырдуат, 1890. Зæронд орфографи

Æддаг æрмæг

ивын
 
Википеди

Википедийы ис хайад
уырыссаг æвзагыл