Бугъатæ (уырыс. Буговы[1], Бугаевы[2]) сты ирон мыггаг.

Истори ивын

Бугъаты раздæры мыггаг уыд Цæгæратæ. Мыггагон таурæгъмæ гæсгæ, Цæгæратæ Цымытийы цардысты.

Хидыхъусы цæрæг Цæгæраты Созырыхъойы ныхæстæй Хъайттаты Хъайтмырзæ ныффыста таурæгъ. Уыцы таурæгъмæ гæсгæ, раджы заманы Хæрисджыны цард бердзейнаг. Йæ ном Дзангубек. Иуахæмы цуаны рæстæджы Куырттаты коммæ бахаудта Цымыти, уый цард Ходы. Цымыти Дзангубекæй бар ракуырдта, цæмæй йын уым æрцæрыны бар радтаид. Дзангубек ын бар радта, æмæ, Цымыти кæм æрцард, уый схуыдтой Цымыти. Цымытийæн уыд фырт Калог. Калогæн та — Цæгæра, Кула, Дзускуа, Зайт. Сæ цæуæт райстой мыггæгтæ: Цæгæратæ, Кулатæ, Дзускуатæ, Зайттатæ. Цымытийы Цæгæратæ æмæ Габысатæ фæтуджджын сты. Цæгæратæ ма иу лæг уæлдай амардтой Габысатæй æмæ сæ уымæ гæсгæ хъæуæй лидзын бахъуыд. Цæгæратæ æрцардысты Зджыды, Уæлладжыры комы. Цымытийы ма баззад Цæгæраты чындз, уый йæхи бар нæ уыд. Уымæн райгуырд лæппу, схуыдтой йæ Бугъа. Уымæ гæсгæ Цæгæратæй иутæ фыссынц Бугъатæй, сæ фыды номæй, æнæуи Цæгæратæй уыдысты.

Литературæ ивын

Фиппаинæгтæ ивын

  1. Гаглойты З. Д. Ирон мыггæгтæ. — 2-аг баххæстгонд рауагъд. — Цхинвал: «Республика», 2017. — 372 с.
  2. Республикæ Хуссар Ирыстоны Закъон ирон мыггагон нæмтты тыххæй. Ирон мыггæгты иууон номхыгъд