Цхинвал кæнæ Чъреба (гуырдз. ცხინვალი) у Хуссар Ирыстоны сæйраг сахар (Гуырдзыстоны конституцимæ гæсгæ Цхинвал у Мидæггаг Картлийы Гуры муниципалитеты сахар). Цæры дзы 30,4 мин адæймаджы (2015).[3]

Сахар
Цхинвал / Чъреба
Герб
Герб
42°13′32″ с. ш. 43°58′12″ в. д.HGЯO
Паддзахад Хуссар Ирыстон Хуссар Ирыстон
Истори æмæ географи
Бындурæвæрд 1398
Фыццаг кой 1398
Раздæры нæмттæ 1934 азы агъоммæ — Цхинвал
1961 азы агъоммæ — Сталинир
1991 азы агъоммæ — Цхинвал
Фæзуат
  • 17,46 км²
Центры бæрзæнд 877 м
Сахатон таг UTC+3:00
Цæрджытæ
Цæрджытæ 32 906[1] адæймаджы (2021)
Национ сконд ирæттæ, гуырдзиагтæ, уырыссагтæ
Дин растуырнæг-чырыстæттæ æмæ иннæ
чырыстæттæ
Цифрон идентификатортæ
Телефонон код +7 929
Посты индекс 7300[2]
Автомобилон код RSO
tskhinval.ru
Цхинвал (Хуссар Ирыстон)
ВикиКъæбицы логотип Викикъæбицы медиа

1990-æм азы онг Цхинвал уыд Хуссар Ирыстоны автономон бæстæйы административон центр. Сахары статус райста 1922-æм азы. Сахар лæууы цæугæдон Стыр Леуахийы былыл.

Истори

ивын

Нырыкон Цхинвалы алфамблайы адæм цард бронзæйы æнусæй фæстæмæ.

Фыццаг хатт картлийаг хъæу Цхинвал æрхъуыдыгонд уыд гуырдзыйаг азфысджытæй 1398-æм азы, фæлæ фæстæдæр æссардæуыд документтæ, кæцытæ бæлвырд кæнынц, ома ам лæууыд фидар, III æнусы амад Паддзахы фырт Асфæгуырæй, кæцы у персайнаг династи Аршакидæй.[кæцæй ист у?]

XVIII æнусы райдайæны уыд чысыл «паддзахадон сахар» кæцыйы цардысты моладзандоны æхуырстытæ.[кæцæй ист у?] Картли-Къахеты паддзахад куы баиу Уырысы паддзахадимæ уæдæй фæстæме Цхинвал уыд Гуырдзыйы губернæйы хай.

Сахары бынат ис уæгæнæн фæндагыл, кæцы иукодта Цæгат Кавказ Тифлисимæ æмæ Гуримæ. Æмæдзы цард хæцæ цæрджытæ: фылдæр дзуттæгтæ, сомихæгтæ, гуырдзыйæгтæ, ирæттæ æмæ уырыссæгтæ.[кæцæй ист у?]

Хуссар Ирыстон фыццаг хатт бахаудта статистикон бафысты Уæрæсейы империйы фыццаг æмæ иунæг æппæтиумæйаг адæмон бафысты, кæцы уагъд æрцыд 1886 азы. Ацы бафыст у иунæг документ, кæцы уынын кæны раст бæрæггæнæнтæ адæмы нымæцы тыххæй XIX æнусы.

Централон статистикон комитеты бæрæггæнæнтæм гæсгæ ирæттæн сæ фылдæр хай цардысты Цхинвалы фадыджы (33 680 адæймаджы).

1918-1920 азты сахары уыдис ирæттæ æмæ гурыдзыйæгтæ æхсæн хæстон æзмæстытæ. Советон бардзинад æрфидар Сырх æфсадæй 1921 азы мартъийы мæйы.

Æмæ аз фæстæ 1922-мы Цхинвал официалон хъуыддагмæ гæсгæ сси Хуссар Ирыстоны автономон бæстæйы сæйраг сахар Гуырдзыйаг ССР-йы хайы.

Фæстæдæр сахары цæрджыты нымæцы уыдысты фылдæр ирæттæ, Хуыссар Иры хъæутæй рацæугæтæ.

1955 азы сахары уыд 3 чиныгдоны, драматикон театр, музыкалон скъола, типографи, бæстæзонæн музей. 1935 азæй фæстæмæ Цхинвалы кусы пединститут (ныр та — Тыбылты Алыксандры номыл Хуссар Ирыстоны паддзахадон университет).

1989 азмæ гæсгæ сахары цардис 42 934 адæймаджы.

Æнустæм гæсгæ сахар йæ ном, æмæ йæ национ сконд бирæ хат ивта.

Хæсты размæ (1990-æмты) гуырдзиæгтæн сæ фылдæр хай сахарæй ныссæрфтой (уыдоны ’хсæн стыр гуырдзиагдзых уирæгты хъæубæстæ). Конфликты рæстæджы Цхинвал сси тохы аренæ гуырдзиæгты æмæ ирон æфсады ’хсæн.

Сочийы бадзырды фæстæ 1992 азæй сууанг 2004-æм азмæ уыд сабыр рæстæг, фæлæ ситуаци та быцъынæг кæнын райдыдта 2004 азы.

Цалцæг

ивын

2008 азы, хæсты фæстæ, райдыдта сахары цалцæджы рæстæг.

Цыдæр рæстæг Цæгат æмæ Хуссар Иры дзырд цыд фарста сахар рахæссыны тыххæй, фæлæ ныхасæй дарддæр хъуыддаг нал азмæлыд.

Бадзырдмæ гæсгæ (Хуссар Ирыстоны æмæ Уæрæсейы хицауадты ’хсæн) уырыссаг аразджыты дæлхайадæн СУ-155 августы кæрæтты (2008 азы) радтой 60 гектары ног микрорайоны арæзтадæн. Уыцы азы пъланмæ бахастой 80 000 квадратон метры арызт.

Хæсты рæстæджы газдадзæн Агара-Цхинвал (Гуырдзыйæ цæуы) хæлд æрцыд. 26 августы 2009 азы арызт æрцыд ног газуадзæн «Дзуарыхъæу-Цхинвал», кæцы цæуы Уæрæсейæ тæккæ дæр Хуссар Ирмæ.

Арæзт æрцыд дондадзæн Едыс-Цхинвал (хæсты рæстæджы ай дæр фехæлд). Ныр ма ноджы иу дондадзæн аразынц, кæцыйы фæрцы æнæхъæн Цхинвал доны домæнтæ сæхгæндзæн.[4]

2009 азы 31 августы байгом кодтой ног микрорайон «Московский».

Сыхтæ

ивын

Цæрджытæ

ивын
Цæрджыты нымæц
1886[6]1897[7]1939[8]1959[9]1970[10]1979[11]1989[12]
3832396313 81021 64130 31134 79442 934
2012[13]2015[14]2021[1]
28 66430 43232 906

Ахуырад

ивын

Культурæ æмæ улæфынад

ивын

Спорт

ивын
  • Республикон сæйраг стадион — æсцалцæкгонд фæстæмæ 2009 азы 6 мин адæймаджы бынатæн,
  • Сывæллæтты æмæ æрыгæтты спортивон скъола хайад кæны: баскетбол, гимнастикæ, уæззау атлетикæ æмæ уæгъдибар хъæбысæйхæст,
  • Футболы скъола Дзæгъойты Игоры номыл — байгонд 2010 азы,
  • Республикон скъола сæрибар хъæбысхæцынæн Тедеты Дзамболаты номыл

Транспорт

ивын

Цхинвал Транскамæй баст у Цæгат Ирыстонимæ. Æрвылбон Дзæуджыхъæу æмæ Цхинвалы ’хсæн цæуынц дæс автобусон рейсы[15]. Сахары мидæг цæуынц маршутон автобустæ.

Æфсымæрон сахартæ

ивын

Цхинвалы чи райгуырд, уыцы зындгонд адæм

ивын

Цхинвалы нывтæ

ивын

Фиппаинæгтæ

ивын
  1. 1,0 1,1 Республика Южная Осетия. Статистический ежегодник за 2020 год.. — Цхинвал: Управление государственной статистики Республики Южная Осетия, 2021. — 181 с.
  2. https://www.gpost.ge/?site-lang=ka&site-path=help/zipcodes/&group=3&letter=%E1%83%AA
  3. 2015-æм азы Хуссар Ирыстоны цæрджыты сфыст
  4. https://sputnik-ossetia.ru/South_Ossetia/20190926/9328710/Vanatskiy-vodokanal-kakie-problemy-Tskhinvala-on-reshit.html
  5. 5,0 5,1 Цхуырбаты З.Д., Дзиццойты Ю.А. Хуссар Ирыстоны топоними : Т. II: Знауыры район ; Цхинвалы район. — 2015. — 740 ф. — ISВN 978-5-02039136-9
  6. Свод статистических данных о населении Закавказскаго края, извлеченных из посемейных списков 1886 г.. — Тифлис: Тип. И. Мартиросиянца, 1893. — XV, [899], 52 с. : табл.; 26 см. с.
  7. Населённые места Российской империи в 500 и более жителей с указанием всего наличного в них населения и числа жителей преобладающих вероисповеданий, по данным первой всеобщей переписи населения 1897 года / предисл.: Н. Тройницкий. - Санкт-Петербург : типография «Общественная польза», 1905. - X, 270, 120 с. ; 27. - (Первая всеобщая перепись населения Российской империи 1897 года / под ред. Н. А. Тройницкого). Датæ: 2013-æм азы 17 августы. Архив 2013-æм азы 17 августы.
  8. Всесоюзная перепись населения 1939 года. Численность наличного населения СССР по районам и городам. Датæ: 2013-æм азы 20 ноябры. Архив 2013-æм азы 16 ноябры.
  9. Всесоюзная перепись населения 1959 г.: Численность наличного населения союзных и автономных республик, автономных областей и округов, краев, областей, районов, городских поселений, сел-райцентров и сельских поселений с населением свыше 5000 человек (кроме РСФСР)// Демоскоп; Численность городского населения союзных республик (кроме РСФСР), их территориальных единиц, городских поселений и городских районов по полу// Демоскоп.
  10. Всесоюзная перепись населения 1970 г.: Численность наличного населения союзных и автономных республик, автономных областей и округов, краев, областей, районов, городских поселений, сел-райцентров и сельских поселений с населением свыше 5000 человек (кроме РСФСР)// Демоскоп; Численность городского населения союзных республик (кроме РСФСР), их территориальных единиц, городских поселений и городских районов по полу// Демоскоп.
  11. Всесоюзная перепись населения 1979 г.: Численность наличного населения союзных и автономных республик, автономных областей и округов, краев, областей, районов, городских поселений, сел-райцентров и сельских поселений с населением свыше 5000 человек (кроме РСФСР)// Демоскоп; Численность городского населения союзных республик (кроме РСФСР), их территориальных единиц, городских поселений и городских районов по полу// Демоскоп.
  12. Всесоюзная перепись населения 1989 года. Численность городского населения.
  13. Стратегия социально-экономического развития Республики Южная Осетия до 2030 года (2013).
  14. Итоги всеобщей переписи населения Республики Южная Осетия 2015 года / Ответственные за выпуск: И. Р. Тибилов, Т. В. Базаев, Р. Р. Зассеева, М. Э. Пухаева, А. В. Сиукаева, М. Х. Гучмазова. — Цхинвал: Управление государственной статистики Республики Южная Осетия, 2016. — 452 с. Архивгонд æрцыдис 10 июлы 2017 азы.
  15. Сев. Осетия. 23.10.2009(æнæбаххæсгæ æрвитæн). Датæ: 2009-æм азы 25 октябры. Архив 2009-æм азы 28 октябры.