Хуссар Ирыстоны географи

Хуссар Ирыстон у бæстæ Кавказы тæккæ астæу. Ис ын арæн Уæрæсеимæ цæгаты æмæ Гуырдзыстонимæ скæсæн, хуссар æмæ ныгуылæнæрдыгæй. Лæууы 42°01' æмæ 42°46' цæгат уæрхады параллелты æхсæн, æмæ 43°31′ æмæ 44°37′ скæсæн дæргъады параллелты æхсæн. Йæ зæххыты фæзуат у 3900 км².

Хуссар Ирыстоны рельеф

Хуссар Ирыстоны рельеф фылдæр у хæххон. Ивы Стыр хохæй (Кавказы сæйраг рагъæй) цæгаты Картлийы фæзтæм хуссары. Æппæты бæрзонддæр хох у Цъанцъахийы хох (4461,5 м). Йæ территорийы 89,3 % денджызы æмвæзадæй 1000 метрæй бæрзонддæр у. Кавказы сæйраг рагъæй хицæн кæнынц æндæр рæгътæ: Рацъы рагъ, Гудисы рагъ, Иры рагъ, Дзимыры рагъ æмæ æнд. Рацъы рагъ ис цæгат-ныгуылæны, хицæн кæны Къуыдаргом Чеселтгом æмæ Хъæргæнагдоны комæй. Гудисы рагъ цæгат-скæсæнæй хуссар-ныгуылæнмæ хицæн кæны Стыр Леуахийы ком Чысыл Леуахийы комæй. Иры рагъ цæгат-скæсæнæй хуссармæ хицæн кæны Чысангом Чысыл Леуахийы комæй, Медзыдайы комæй æмæ Лехурайы комæй. Дзимыры рагъ скæсæны хицæн кæны Чысангом Арагуийы комæй, йæ рагъыл уагъд у Хуссар Ирыстон æмæ Гуырдзыстоны арæн. Цæугæдæттæ иууылдæр æвзæрынц Хуссар Ирыстоны зæххы æмæ иууылдæр сты хæххон. Стырдæр цæугæдæттæ сты Стыр Леуахи (115 км), Чысыл Леуахи (46 км) æмæ Чысандон (54 км).

Бæстыхъæд

ивын

Хуссар Ирыстоны бæстыхъæд у ромыл. Бæстыхъæды стыр хайад исынц хæхтæ. Уыдон æвзарынц дымгæйы æздæхт. Стыр Кавказы рагъ та нæ уадзы уазал дымгæтæ цæгатæй, æмæ Хуссар Ирыстоны уый тыххæй Цæгат Ирыстонæй хъармдæр вæййы. Бæстыхъæд тынг ивы цæгатæй хуссармæ. Уый у умæн æмæ цæгатæрдæм хæхтæ бæрзонддæр сты. Куыд уæлдæр хæхтæм, афтæ уазалдæр æмæ даргъдæр зымæг.