Хæрисджын
Хæрисджын у Куырттаты комы хъæу. Йæ цуры Уæлладжыргоммæ ахизæн — Æрхоны ’фцæг.
Хъæу | |
Хæрисджын | |
---|---|
42°48′33″ с. ш. 44°14′20″ в. д.HGЯO | |
Паддзахад | Уæрæсе |
Федерацийы субъект | Цæгат Ирыстон |
Муниципалон район | Алагиры район |
Истори æмæ географи | |
Центры бæрзæнд | 1380 м |
Сахатон таг | UTC+3:00 |
Цæрджытæ | |
Цæрджытæ | ↘10[1] адæймаджы (2010) |
Цифрон идентификатортæ | |
Посты индекс | 363212 |
|
|
Викикъæбицы медиа |
Хæрисджынæй фалæмæ Куырттаты комы райдайы паддзахадон арæны бæрæгзæхх.
Истори
ивын1854-æм азы Хæрисджины уыдис 18 хæдзары æмæ 170 цæрæджы. Уыдон уыдысты: Гуытъиатæ, Мырзагантæ, Цгъойтæ, Тогъатæ, Джигатæ, Елойтæ, Дзоккатæ.[2]
Хæрисджины ма абон цæргæйæ баззадысты Цгъойты Мырзахъы бинонтæ, Мырзаганты Таймураз æмæ Дзукъаты Росе.
Мыггæгтæ
ивынХæрисджины цардысты Гæгуылатæ, Гуытъиатæ, Дулатæ, Дзестелтæ, Бытъæтæ, Хуылатæ, Быдтатæ, Гусатæ, Жигатæ, Цгъойтæ, Тегкатæ, Тебиатæ, Къарджиатæ, Цæлыккатæ, Хъаныхъуатæ, Хъазахтæ, Мырзагантæ, Мæрзойтæ, Елойтæ, Азнауртæ.[3]
Фиппаинæгтæ
ивын- ↑ Том 1. Численность и размещение населения. Таблица 10
- ↑ Мырзаганты Мухарбег. Куырттаты ком æмæ курттатæгтæ. Дзæуджыхъæу: «Аланыстон», 2007
- ↑ Гаглойты Зинæ. Ирон мыггæгтæ: Дзæуджыхъæу: Ир, 2005. 242 ф.