Ирыстон
(Иристон-æй æрвыст)
Ирыстон кæнæ Ир[1], дыгуронау Иристон у Цæгат Ирыстон æмæ Хуссар Ирыстоны иумæйаг ном. Ирыстонæн йæ хуссары æмæ цæгаты дæр ис, Ирыстоны иудзинадмæ чи тырны, ахæм адæймæгтæ. Ирыстоны иумæйаг фæзуат у 11900 км².
Ирыстон | |
---|---|
Иристон | |
42°30′ с. ш. 44°00′ в. д.HGЯO | |
Йæ дæлхæйттæ | Цæгат Ирыстон, Хуссар Ирыстон, Тырсыгом, Къобы зылд, Хъуды ком |
Истори æмæ географи | |
Стырдæр сахартæ | Дзæуджыхъæу, Мæздæг, Беслæн, Цхинвал (Чъреба), Алагир |
Викикъæбицы медиа |
Этимологи
ивынНом Ирыстон арæзт у ирон дзырд Ир æмæ фæсæфтуан -стон-æй (йæ ратæдзæн у индоевропæйаг уидаг *stā- «лæууын» æмæ персайнаг æвзаджы амоны «бынат, бæстæ»). Ныхас Ир-æн арынц цалдæр равзæрæны. Бирæ иртасджытæ дзурынц æмæ Ир рацыдис рагон ирайнаг arya æмæ aryana-йæ.[2][3][4] Фæлæ Абайты Васойы хъуыдымæ гæсгæ кавказаг субстратæй ист у[5].
Æндæр æвзæгты фылдæрыл Ирыстон хонынц «Осетия». Уый рацыдис гуырдзиаг дзырдæй «ოსეთი» [osetʰi], уый та нысан кæны «осæгты (ирæтты) бæстæ».
Кæс ноджы
ивынÆддаг æрмæг
ивынФиппаинæгтæ
ивын- ↑ Ир у ирон адæмы æмбырдгонд ном фыццаджыдæр, фæлæ уыцы дзырдæй пайда кæнынц бæстæ хонынæн дæр.
- ↑ Agustí Alemany. Sources on the Alans: A Critical Compilation. Brill Academic Publishers, 2000 ISBN 90-04-11442-4 (англ.)
- ↑ В. Ф. Миллер. Осетинские этюды (уырыс.)
- ↑ Камболов Т. Т. Осетинские субэтнонимы // Очерк истории осетинского языка (уырыс.)
- ↑ «Очевидно, что ir к arya- никакого отношения не имеет, и для него надо искать другое объяснение <...> Поскольку другие осетинские племенные названия — digor, twal — связаны с кавказской этнонимикой, естественно обратиться туда и для объяснения термина ir» [В. И. Абаев. ИЭСОЯ, Т. I. С. 545-546].