Лезгор
Лезгор, дыгуронау Лезгорæ у хъæу Цæгат Ирыстоны Æрæфы районы.
Хъæу | |
Лезгор | |
---|---|
Лезгорæ | |
43°00′54″ с. ш. 43°46′16″ в. д.HGЯO | |
Паддзахад | Уæрæсе |
Федерацийы субъект | Цæгат Ирыстон |
Муниципалон район | Æрæфы район |
Истори æмæ географи | |
Сахатон таг | UTC+3:00 |
Цæрджытæ | |
Цæрджытæ | ↗14[1] адæймаджы (2010) |
Цифрон идентификатортæ | |
Телефонон код | +7 86731 |
Посты индекс | 363513 |
|
|
Викикъæбицы медиа |
Истори
ивынЛезгори гъæу æвæрд æй Донифарси гъæуæй 2,5-3 километри идарддæр цæгатæрдæмæ, Уорс хонхмæ хæстæг, Ирæфи донæн æ галеу фарс, бæрзонд Хонсари.
Гъæуи адтæй дууæ синхи: Æндаг Лезгорæ, Уорс хонхи тæккæ рæбун, æма уомæн æ хонсарæрдигæй еу километр идарддæр ба иннæ синх.
Æндаг Лезгори рæбунти раги кæддæр зæйтæ рацудæй, æма синхи цæргутæ еугурæй дæр фæллигъдæнцæ фæйнæ рауæнемæ: сæ еуетæ Лезгори иннæ синхмæ æма Донифарси гъæумæ, сæ фулдæр ба — будури гъæутæмæ.
Фиццагидæр, дан, Лезгори ка æрцардæй, еци адæм цардæнцæ, Уорс хонхæн æ Хонсари ци берæ лæгæттæ æма цъæсгитæ ес, уæдта хонхи рæбун ци дууæ мæсуги адтæй, уонæми (мæсгутæн, дан, сæ еу адтæй Хъарати муггаги, иннæ ке мæсуг адтæй, уой ба неке зонуй).
Нури Лезгори цæгат фарс дæр ес метри бæрзæндæн тугъдон мæсуг (еци мæсуг дæр ке адтæй, уой неке зонуй, фал, дан, си фæстаг рæстæгути ба цардæнцæ Бузартæ).
Аци гъæути (синхти) цæргутæн дæр сæ цæрæн хæдзæрттæ адтæнцæ уæлиндзæ сæртæ, сæ фæрстæ ба — дортæй даст. Гъæуи астæу Леуанти муггагæн адтæй арæзт устур æма федар галауан, æ фæрстæмæ ба цæрæн хæдзæрттæ æма мæсуг, уæдта дорин горенæй æхгæд тургъæ.
Ахургæндтæ куд исбæрæг кодтонцæ, уомæ гæсгæ, Лезгорæ æма Донифарси гъæути астæу "Мæсигони тегъæбæл" ци уæлмæрдтæ æма берæ уобæйттæ ес еу рауæн, уæхæн бунат Иристони берæ рауæнти нæййес.[2]
Мыггæгтæ
ивынЛезгори гъæуи адтæй бундорон цæрæг муггæгтæ: Æрситæ, Бетантæ, Беритæ, Бузартæ, Бетрозтæ, Гæзæнтæ, Дретæ, Даситæ, Елетæ, Леуантæ, Тайсаутæ, Уанитæ, Хидиртæ, Хутæ, Хъаратæ, Хъæбæлотæ, Цæмæхъатæ, Цорионтæ æма Чибитæ.[2]
Фиппаинæгтæ
ивын- ↑ Том 1. Численность и размещение населения. Таблица 10
- ↑ 2,0 2,1 Гецати Афæхъо. Дигори коми муггæгти равзурд. — Дзæуæгигъæу: Алания, 1999. — Ф. 261.