Доныфарс, дыгуронау Донифарс у Дыгургомы хъæуттæй иу.

Хъæу
Доныфарс
Донифарс
42°59′49″ с. ш. 43°45′30″ в. д.HGЯO
Паддзахад Уæрæсе Уæрæсе
Федерацийы субъект Цæгат Ирыстон
Муниципалон район Æрæфы район
Истори æмæ географи
Сахатон таг UTC+3:00
Цæрджытæ
Цæрджытæ 5[1] адæймаджы (2010)
Цифрон идентификатортæ
Посты индекстæ 363512
Доныфарс (Уæрæсе)
Доныфарс (Цæгат Ирыстон)
ВикиКъæбицы логотип Викикъæбицы медиа

Истори

ивын

Гъæу æвæрд æй Къумбултæ æма Лезгори гъæути астæу Мæсигони æндзæри. Сæ цæрæн хæдзæрттæ æма сæ фонси скъæттæ донифарсæгтæн дæр адтæнцæ уæлиндзæсæртæ, сæ фæрстæ ба — дорæй даст. Кобегкатæ æма Хъулчити муггæгтæн си адтæй устур æма федар арæзт галауантæ, Хъанухътæ æма Хæтæгтæн ба цæрæн æма тугъдон мæсгутæ. Гъæуи алли фарс рагон донифарсæгтæ ниууагътонцæ берæ циртдзæвæнтæ: уобæйттæ, уæлмæрдтæ, ковæндæнттæ æма æнд.[2]

Донифарсы кувæндон

ивын

Доныфарсы хъæуы сæрмæ ис лæгæт, кæцы нымад у Ныкколайы куывæндоныл. Бынæттон адæм дзы кодтой бирæ кусæрттæ Никколайы зæды номыл, æмæ уым кувинæгтæм арæх æртæхынц цæргæстæ — уыдон, дам, зæды æрвыст сты, афтæ фæзæгъынц адæм.

Мыггæгтæ

ивын

1886 анз æма 1913 анзи гъæуи цæргути æрфинститæмæ гæсгæ Донифарси гъæуи цардæнцæ муггæгтæ: Æнгъæдатæ, Асетæ, Алийтæ, Гагуатæ, Галеутæ, Дамбегтæ, Дзоблатæ, Дзодзатæ, Дзиратæ, Елбийтæ, Кобегкатæ, Кочкионтæ, Къолотæ, Къочитæ, Нафитæ, Найфонтæ, Мурзахъултæ, Тасабийтæ, Тинатæ, Тепасигтæ, Тубетæ, Уæдатæ, Фæдантæ, Хæтæгтæ, Хуадонтæ, Хорантæ, Хъамболтæ, Хъанухътæ, Хъабантæ, Хъаиртæ, Хъизинтæ, Хозитæ, Хъулчитæ æма Хъуймайæгтæ.[2]

Къамтæ

ивын

Фиппаинæгтæ

ивын
  1. Том 1. Численность и размещение населения. Таблица 10
  2. 2,0 2,1 Гецати Афæхъо. Дигори коми муггæгти равзурд. — Дзæуæгигъæу: Алания, 1999. — Ф. 216.

Æрвитæнтæ

ивын