Тырсыгом
Тырсыгом кæнæ Тырсы (гуырдз. თრუსოს ხეობა, уырыс. Трусовское ущелье) у ком Гуырдзыстоны. Ис Хъазыбеджы районы. Тырсыгомы хъæусовет уыдис Абанайы хъæуы.
Тырсыгом | |
---|---|
Бæстæ | Гуырдзыстон |
Район | Хъазыбеджы (Сæнайы) муниципалитет |
Хъæутæ | |
Картæ | |
|
|
Викикъæбицы медиа |
Йæ алыварс сты: хурыскæсæнырдыгæй — Хиуы ком, хурныгуылæнырдыгæй — Урстуалтæ, цæгатæрдыгæй — Куырттаты ком, Дæргъæвсы ком, хуссарырдыгæй — Хъудыком, хуссар-хурыскæсæнырдыгæй — Къоб.
Тырсыгомы ис Таранджелозы кувæндон.
Ирон мыггæгтæ
ивынЦардысты дзы: Абайтæ (Осиатæ, Тайсаутæ), Ардзинтæ, Æгкацатæ, Бæтатæ, Бæциатæ, Бекъойтæ, Берозтæ, Бидыхтæ, Боцуатæ, Булацатæ, Быдартæ, Бызыккатæ, Гайтæ, Гæбулатæ, Гутнатæ, Гуыдиатæ, Дзæхатæ, Дзакъатæ, Дзанæгатæ, Дзантиатæ, Дзлиатæ, Елойтæ, Закатæ, Зачиатæ, Зæгъæгатæ, Кæлутæ, Кæсойтæ, Калмантæ, Калотæ, Касатæ, Кобылтæ, Кокайтæ, Кцойтæ (Коцатæ), Къуыдзиатæ, Къуымæллæггатæ, Магкатæ, Мамиатæ, Мырыкатæ, Мысостатæ (Бырнацтæ), Плитæ, Сæлбитæ, Самбегатæ, Самтæ, Саппиатæ, Саудзæццатæ, Саулохтæ, Сухитæ, Такъæтæ, Татратæ, Туатæ, Тхостатæ, Уртатæ, Фидаратæ, Хæмыцатæ, Хъазитæ, Хъалæгатæ, Хъаратæ, Хъуыссæтæ, Хъыргъатæ, Цæболтæ, Цæллаггатæ, Четойтæ.[1]
Галерей
ивын-
Четырсы уынд
-
Мæсыг Четырсы (Фаллагхъæуы)
-
Тырсыгомы уынд
-
Четойтыхъæуы мæсыг
-
Четойтыхъæуы уынд
Фиппаинæгтæ
ивын- ↑ Фыдыуæзæджы таурæгътæ, кадджытæ, аргъæуттæ, зарджытæ / сост. Кокайты Т.А. — Дзæуджыхъæу: Ир, 2014 — 352 ф.