Википеди:Вики уарзы Кавказ 2021
Фæткойтæ
- Конкурсы архайыны бар ис алы регистрацигонд архайæгæн дæр (регистрацийы датæ уæлдай нæу).
- Уацы темæ хъуамæ баст уа Кавказы цыфæнды географион объект, культурон æууæл кæнæ фенддагимæ. Цæгат Кавказы алы регионы тыххæй дæр (æнæ Цæгат Ирыстон), Фæскавказы алы раны тыххæй дæр (æнæ Хуссар Ирыстон) æмæ та Ростовы облæсты тыххæй дæр. Уацтæ идейæтæ разæвæрд сты мæнæ ам: Азербайджан, Гуырдзыстон, Сомих.
- Уац конкурсмæ исынæн хъуамæ дзуапп дæтта ахæм домæнтæн:
- Уац ирон æвзагыл саразын хъæуы (кæнæ та зæронд уацмæ бирæ бафтæуын) 2021 азы 22 октябрæй 22 ноябры онг.
- Конкурсы архайæг уыцы уац сарæзта кæнæ та æндæр архайæджы уацмæ бирæ бафтыдта; бавæрды æппынкъаддæр бæрцуат у 150 дзырды (цы уацмæ æфтауыс, уый бæрцуат ивыны агъоммæ хъуамæ уа 6000 байтæй къаддæр).
- Ног уацы хъуамæ уа æппынкъаддæр 2500 байты æмæ 200 дзырды.
- Уацы предмет хъуамæ уа ахадгæ, тексты мидæг хъуамæ амынд уой ратæдзæнтæ.
- Уацтæ хъуамæ уой хæрзхъæд. Алы дызæрдыггаг хъуыды хъуамæ фидаргонд уа авторитетон ратæдзæнтæй.
- Уæлахизгæнджынты-иу куы бæлвырдæуыдзысты, уæд жюри æркæсдзæнис куыстыты хæрзхъæддзинад æмæ нымæцмæ. Хæрзхъæд уац хъуамæ уа бæрцуатæй зынгæ, хъуамæ дзы уой нывтæ, йæ темæ æххæстæй афыссын хъæуы, хъуыдытæ — ратæдзæнтимæ сбæлвырд кæнын, текст — аивæй аразын.
- Жюрийы бон у архайæджы конкурсæй раппарын, уый «намысджынæй куы нæ архайа», уæд. Ахæм хæлдтыты æхсæн сты роботтæй пайда кæнын, иу суткæйы фылдæр ног уацы тыххæй нæ фехъусын кæнын, рагагъоммæ фыст уацтæ къордгай равæрын стæй та иннæ къуылымпыгæнæг архайд.
Призтæ
Викимедиа Уæрæсе æмæ Доны викимедийæгты къорд марафоны уæлахизгæнджытæн радих кæндзысты æртæ призы.
- Фыццаг бынат :
Ozon-ы лæвæртты картæ (15 000 руб.); райсдзæн æй, æппынкъаддæр 35 уацы чи ныффыса, ахæм архайæг. - Дыккаг бынат :
Ozon-ы лæвæртты картæ (8 000 руб.); райсдзæн æй, æппынкъаддæр 25 уацы чи ныффыса, ахæм архайæг. - Æртыккаг бынат :
Ozon-ы лæвæртты картæ (6 000 руб.); райсдзæн æй, æппынкъаддæр 15 уацы чи ныффыса, ахæм архайæг.
Конкурсы архайджытæ ивын
Цæттæ уацтæ хъуамæ бафтауай таблицæмæ. Конкурсы архайынц æрмæстдæр, таблицæйы чи сты, уыцы уацтæ.
Организатор ивын
- JukoFF (глобалон организатор)
- Soul Train
Жюрийы уæнгтæ ивын
Æрвитæнтæ ивын
- Конкурсы æхсæнадæмон фарс
- Уæ фæрстытæ арвитут ардæм: jukoff@wikimedia.ru